Кузнецов радзырдта президентӕн Цхинвалы арӕзтадон объекттыл фенгӕ уавӕры тыххӕй

© Пресс-служба Президента и правительства РЮОВстреча Л.Тибилова и Л.Кузнецова
Встреча Л.Тибилова и Л.Кузнецова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонидимӕ фембӕлды рӕстӕджы Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Лев Кузнецов радзырдта, социалон нысаниуӕгджын объектты арӕздар Цхинвалы кӕмдӕрты кӕй цӕуы рӕвдз, кӕцыдӕртӕ та раздӕрау фӕсте кӕй зайынц графикӕй.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Лев Кузнецов ӕрдзырда Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонидимӕ Цхинвалы арӕзтадон объекттыл йӕ кусӕгон ӕрзылды фӕстиуджытыл.

Лев Кузнецов осмотрел строящиеся объекты в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лев Кузнецов бахӕс кодта аиуварс кӕнын Цхинвалы арӕзтадон объекттыл хъӕндзинӕдтӕ

Фембӕлды рӕстӕджы Лев Кузнецов банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕцыдӕр арӕзтадон фӕзуӕттыл ис хорз динамикӕ, фӕлӕ кӕцыдӕр нардуатисджытӕ та халынц куысты нывӕзт ӕмӕ сын снысангонд ӕмгъуыдмӕ кӕ бантысдзӕн куыстытӕ кӕронмӕ бакӕнын.

"Тынг ахсджиаг у финансон фӕрӕзтӕ бахардз кӕнын, социалон нысаниуӕгджын объекттӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ гъӕдджынӕй саразгӕйӕ", — загъта уӕрӕсейаг министр. 

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бузныг загъта Кузнецовӕн Хуссар Ирыстоны уагъдцӕуӕг арӕзтадон куыстытӕн лӕмбынӕг хъусдарды тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, стыр аргъ кӕй кӕны арӕзтадон куыстыты гъӕды фӕдыл министры сӕрмагонд контролӕн.

"Кӕд ӕмӕ нардуатисджытӕй кӕцыдӕртӕ иу кӕнӕ иннӕ объекттыл азы кӕронмӕ нӕ бакӕной нывӕзтгонд куыстытӕ иууылдӕр, уӕд уыдон ӕрцӕудзысты карз ӕфхӕрд. Иухатт ма дын зӕгъын стыр бузныг, арӕзтадон куыстытӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕй ифтонг кӕнынимӕ кӕй ницы проблемӕтӕ ис, уый тыххӕй", — загъта президент.

Лев Кузнецов ма банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд Цӕгат Кавказы регионтӕй кӕцыдӕрты фӕкъаддӕр кодтой бюджет, уӕддӕр Хуссар Ирыстоныл ацы ивындзинӕдтӕ нӕ бандӕвтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0