Кумеховайы ӕрцахстимӕ видео интернеты баппарӕг полицӕйаг ӕрцыд ӕфхӕрд

© Сайт УМВД по Смоленской областиГлава МВД по РСО-А Михаил Скоков
Глава МВД по РСО-А Михаил Скоков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны МХМ сӕргълӕууӕг Михаил Скоков фехъусын кодта журналисттӕн, интернеты видео цы кусӕг апарахат кодта, ууыл ӕвӕрд кӕй ӕрцыд дисциплинарон бӕрндзинад.

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Болататы Алина. Камилла Кумеховайы ӕрцахстимӕ инциденты оперативон видео, цы ран уый ӕртхъирӕн кӕны полицийы кусӕгмӕ кардӕй, хъуамӕ ма бахаудтаид интернетмӕ, загъта журналисттӕн Цӕгат Иры МХМ сӕргълӕууӕг Михаил Скоков.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, МХМ-ы кусӕгыл, кӕцы апарахат кодта интернеты скандалон видеоролик, ӕвӕрд ӕрцыд уголовон бӕрндзинад.

"Мӕ хъуыдыдмӕ гӕсгӕ, сылгоймаг раст нӕу ӕмӕ хъуамӕ баййафа ӕмбӕлон ӕфхӕрд, фӕлӕ цӕхгӕр разы нӕ дӕн, кусджытӕ ацы видео интернеты кӕй сӕвӕрдтой. Уый раст ӕмӕ аив нӕу. Уый фӕдыл ӕз снысан кодтон басгӕрст ӕмӕ аххосджын кусӕг баййӕфта дисциплинарон ӕфхӕрд", — загъта Скоков.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕджытӕ хъуамӕ уой кусджыты ӕрдыгӕй бакӕнгӕ куысты фӕрӕз ӕмӕ ма хъуамӕ ӕрцидаиккой хаст ӕхсӕнады хъусдардмӕ. Ахӕм видеоты равӕрд интернеты у тобӕгонд.

"Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ кусӕг у бӕрнон гоймаг. Ӕмӕ у хӕсджын инструкцитӕ, бардзырдтӕ ӕххӕст кӕнын. Уый ӕмбӕстагон гоймаг нӕу. Йӕ архӕйдтыты фӕдыл ис инструкци", — банысан кодта министр.

Автомобиль следственного комитета (СК) РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны экс-прокуроры чызгӕн рахастӕуыд зылыны тӕрхон

28-аздзыд сылгоймаг азымгонд цӕуы УФ УК 318 статьяйы 1 хаймӕ гӕсгӕ фыдракӕнд саразыны тыххӕй (хицауады минӕвары ныхмӕ тыхайхард саразынӕй ӕртхъирӕны хъуыддаджы).

1 майы Дзӕуджыхъӕуы, ФПС кусджытӕ ӕрлӕууын кодтой машинӕ "Тойота" бынӕттон цӕрӕгимӕ рулыл. Басгӕрсты рӕстӕджы нӕлгоймагмӕ нӕ разынд документтӕ транспортӕн фӕрӕз скъӕрыны бартимӕ, йӕхӕдӕг та уыд нозтджын. Полицийы кусджытӕ аскъуыддзаг кодтой шофыры полицийы горӕттаг хайадмӕ фӕхӕццӕ кӕнын дарддӕры равзӕрсты тыххӕй, автомашинӕ та сӕрмагонд лӕууӕндонмӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Фӕлӕ машинӕйы цы дыууӕ чызджы бадтысты, уыдон полицийы кусджыты домӕнимӕ не ′сразы сты, сӕ иу — 28-аздзыд Камилла Кумехова — фелвӕста кард ӕмӕ райдыдта ӕртхъирӕн кӕнын хицауады минӕвары ныхмӕ тыхархайд саразынӕй.

Хъуыддагӕн резонанс радта уыцы факт ӕмӕ Кумехова кӕй у экс-прокуроры чызг.

Ног хабӕртты лентӕ
0