ПӔК-ы сӕргълӕууӕг: арӕзтадон фирмӕтӕ "Эверест" ӕмӕ "Русгидро"-йыл ӕууӕнк нӕй

© Sputnik / Алексей КовалевСтроительство театра
Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ПӔК равдыста катай уӕрӕсейаг арӕзтадон фирмӕты махинациты фӕдыл, кӕцытӕн ис "ӕвзӕр репутаци". Ведомствӕ ныридӕгӕн кӕронмӕ акодта татарстайнаг фирмӕ "Эверест"-ыл уголовон хъуыддаджы фӕдыл куыст.

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Уӕрӕсейаг арӕзтадон организацитӕй иуӕй иутыл, кӕцытӕ аразынц егъау объекттӕ Хуссар Ирыстоны, нӕй ӕууӕнк. Сӕ хӕслӕвӕрдтӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕныны бӕсты уыдон нардуат ауӕй кӕнынц, арӕзтадмӕ кӕмӕн ницы ахаст ис, ахӕм фирмӕтӕн, загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты сӕргълӕууӕг Виктор Шаргаев.

Встреча Л.Тибилова и Л.Кузнецова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кузнецов радзырдта президентӕн Цхинвалы арӕзтадон объекттыл фенгӕ уавӕры тыххӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый сӕйраджыдӕр хауы дыууӕ арӕзтадон организаци — татарстайнаг "Эверест" ӕмӕ уӕрӕсейаг фирмӕ" РусГидро"-мӕ, кӕцытӕ сӕ техникӕ ӕрбатӕрын ӕмӕ инвестпрограммӕйы объекттыл арӕзтад райдайыны бӕсты, уӕй кодтой сӕ нардуаттӕ, арӕзтадмӕ кӕмӕн ницы ахаст ис ӕмӕ профессионалон цӕттӕдзинад кӕмӕ нӕй, ахӕм фирмӕтӕн.

Татарстанаг фирмӕ "Эверест" 2014 азы ссис Хуссар Ирыстоны сӕндидзӕн куыстыты генералон нардуатисӕг ӕмӕ райста егъау социалон объекттӕ иууылдӕр — Национ музей, Паддзахадон драмтеатр, горӕты уынгтӕ.

РХИ Паддзахадон æдасдзинады сæргълæууæг Виктор Шаргаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПÆК-ы сæргълæууæг: Инвестпрограммæйы давджытимæ уыдзæн конкретон ныхас

Компани "РусГидро" та Хуссар Ирыстоны арӕзтадон фӕзуатыл фӕзынд 2015 азы. Фирмӕ райдыдта аразын цӕрӕн микрорайон, афтӕ ма цалдӕр социалон объекты Ленингоры районы.

"Паддзахадон ӕдасдзинады органтӕ сты къӕрцхъус ӕмӕ лӕмбынӕг хъусдард здахынц Уӕрӕсейӕ цы финансон ӕххуыс цӕуы, уымӕ. Фӕлӕ махмӕ катайдзинад ӕвзарын кӕны уыцы факт, ӕмӕ Хуссар Ирыстоны нардуаттӕ кӕй исынц уӕрӕсейаг арӕзтадон фирмӕтӕ "ӕвзӕр репутациимӕ", — загъта Шаргаев.

ПӔК-ы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, ведомствӕ кӕй акодта кӕронмӕ куыст фирмӕ "Эверест"-ы фӕдыл уголовон хъуыддагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0