ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Ирон спортсментӕ Тыджыты Сослан ӕмӕ Таймуразы, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц Узбекистан ӕмӕ Казахстаны кад, фӕцух кодтой 2008 азы олимпиаг майдантӕй.
Сӕ допинг тесттӕ ног басгӕрсты рӕстӕджы равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, хъусын кӕны Р-спорт Ӕхсӕнадӕмон Олимпиаг комитеты информаци.
Богалтӕ дыууӕ дӕр сты Цӕгат Ирыстонӕй ацӕугӕ. Пекины Олимпиадӕйы уыдон рамбылдтой ӕвзист майдантӕ. Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитеты зонӕнтӕм гӕсгӕ, сӕ туджы уыдонӕн разынд тобӕгонд препарат туринабол.
Ӕдӕппӕт ахӕм скъуыддзаг райст ӕрцыд Пекины олимпиадӕйы уӕлахиздзаутӕй ӕхсӕзы фӕдыл. Се ′хсӕн — белорусаг уӕззау атлет Андрей Рыбаков, бронзӕйы хицау — белоруссаг уӕззауатлеткӕ Анастасия Новикова ӕмӕ уӕрӕсейаг згъорӕг Екатерина Волкова.