ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Ацы аз зымӕг ӕрцыд Цхинвалмӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр. Митуард цыма дзуры, уалдзӕгмӕ йӕ къах дӕр кӕй никуыдӕм авӕрдзӕн. Бон фӕцыбырдӕр ӕмӕ изӕры, ӕмбӕстӕгтӕ куыстытӕй сӕ хӕдзӕрттӕм куы здӕхынц, уӕд уынгтӕ вӕййынц бынтон талынг. Горӕты централон хайы рухсытимӕ хъуыддаг у хорз, фӕлӕ кӕройнаг уынгты алкуы нӕй рухсытӕ. Адӕм изӕрӕй куыстытӕй здӕхынц талынг уынгтыл.
Мэрияйы кусӕг Кокойты Роман Sputnik куыд радзырдта, афтӕмӕй горӕты уынгты рухсытӕн ӕрвылаздӕр хицӕн цӕуы ӕртӕ милуан сомы бӕрц. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фӕрӕзтӕ фаг не сты горӕты фанартыл иууылдӕр аххӕссынӕн.
Фанарты ис ӕвӕрд хуымӕтӕ натрион цырӕгътӕ. Уыдонын гъӕдджын не сты ӕмӕ тагъд басудзынц. Базарады рагӕй фӕстӕмӕ фыццаг бынат ахсынц светодиодон цырӕгътӕ. Сӕ аргъ у бирӕ зынаргъдӕр, фӕлӕ сты бирӕ хуыздӕр — сӕ рухс у ирддӕр, лӕууынц фылдӕр ӕмгъуыд, сты энергихъахъхъӕнӕг.
Кокойты Романы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "уый фӕрцы уыдон ӕмбӕрзынц сӕ зынаргъ аргъ".
"Светодиодон цырӕгътӕ махӕн фадат уыд сӕвӕрын ӕрмӕстдӕр Мамсырайы фырты уынгыл ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы уынгыл — хицауады хӕдзары раз. Бюджет нырма фадат нӕ дӕтты уынджы фанарты светодиодон рухстӕ сӕвӕрын", — загъта мэрияйы минӕвар.
Тасойты Иналы уынджы цӕрӕг Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй рухсытӕ ацы уынгыл нӕй ныр ӕрдӕг азы бӕрц.
"Бырон калынмӕ куы рахизын изӕрӕй, уӕд мын мӕ цӕст исчикуы акъаха, уӕддӕр ӕй нӕ фендзӕн. Хорз у ӕмӕ нӕм рухс кӕлы Октябры уынгӕй. Изӕрӕй сывӕллон спортивон скъолайӕ куы рацӕйздӕхы, уӕд йӕ размӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ иу мӕйы размӕ талынджы фӕтарст дзӕгъӕл куытӕй", — дзуры бынӕттон цӕрӕг.
Мэрияйы кусӕг бамбарын кодта, горӕты кӕцыдӕр уынгты рухсытӕй ифтонгад кӕй хауы аразджытӕм, кӕцытӕ ацы уынгтӕ ӕмбӕрзынц асфальтӕй.
"Фӕндӕгтӕ цы организацитӕ аразынц, уынгтӕ рухсытӕй дӕр уыдон хъуамӕ ифтонг кӕной ӕввахс дыууӕ азы. Нардуатисджытӕй бирӕтӕ ацы бадзырдтӕ ницӕмӕ дарынц. Адӕм ӕрбацӕуынц мэриямӕ ӕмӕ фӕхъаст кӕнынц, сӕ хӕдзӕртты раз рухсытӕ кӕй нӕ судзынц, фӕфыссынц куырдиӕттӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ фадат нын куыд фӕвӕййы, афтӕ скъуыддзаг кӕнӕм проблемӕтӕ", — загъта Кокойты Роман.
Мэрияйы ис сӕрмагонд диспетчер, кӕцы кусӕгон боны кӕрон ӕрзилы алы уынгыл дӕр ӕмӕ йӕхимӕ фӕнысан кӕны, цы уынгтыл нӕ кусынц рухсытӕ.
"Фанарон цӕджындзты иууыл арӕхдӕр басудзы рухсгӕнӕн (дросель). Уый фӕстӕ уым натрион цырагъ нал скусы, ӕмӕ сӕвӕрӕм хуымӕтӕг цырӕгътӕ, фӕлӕ уыдон дыууӕ къуырийӕ фылдӕр нӕ фӕкусынц. Мах регулярон ӕгъдауӕй зилӕм уынгтыл ӕмӕ схемӕмӕ гӕсгӕ ивӕм сыгъд рухсгӕнӕнтӕ", — загъта Кокойты Роман.
Уый радзырдта, Мамсырайы фырты уынгыл светодиодон цырӕгътӕ ӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты дыууӕ азы размӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕм иу цырагъ дӕр нал басыгъд.
Уымӕй дарддӕр ма, ацы цырӕгътӕн из гарантии у аз.
"Кӕд цырагъ басудза иу азы мидӕг, уӕд мӕ бон у ӕмӕ йӕ кӕм балхӕдтон, уырдӕм фӕстӕмӕ ахӕссон ӕмӕ мын ӕй баивдзысты ногыл. Афтӕ у гарантийы уагӕвӕрд", — банысан кодта уый.
Уый нӕ дызӕрдыг кӕны, зӕгъгӕ, кӕд бюджет фадат радта светодиодон рухсытӕм рахизын, уӕд уынгтӕ уаиккой рухсдӕр, паддзахадӕн та уый уаид экономи.
Кӕройнаг уынгтыл рухсытӕ фӕзындзысты, куыддӕр асфальтӕй ӕмбӕрзт ӕрцӕуой, афтӕ.