"Симд" ӕрзилдзӕн гастролты Цæгат Кавказыл

© Sputnik / Ада БагианКонцерт 3 ансамблей на стадионе к 25 годовщине провозглашения независимости рюо
Концерт 3 ансамблей на стадионе к 25 годовщине провозглашения независимости рюо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры кафт æмæ зарды сæйраг сфæлдыстадон къорд гастролты фӕлгӕтты радта концерттæ Цæгат Ирыстоны горæтты, дыццӕджы та ирон кафт æмæ зарды зæлтæ айхъуысдзысты Грозныйы сценæйæ.

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" ӕрзилдзӕн гастролон туры Цæгат Кавказы горæттыл, фехъусын кодта Sputnik ансамблы сӕйраг администратор Гаглойты Кристина.

Гастролон туры фӕлгӕтты уал Хуссар Иры сæйраг ансамблы сфæлдыстадæн къухæмдзæгъд кодтой Цæгат Ирыстоны горæттӕ — Мæздæг, Алагир æмæ Беслæны, дарддæр къорд йæ арӕхстдзинад равдисдзæн Дзæуджыхъæуы Ирон театры сценæйыл. 1 ноябры та ирон кафт æмæ зарды зæлтæ айхъуысдзысты Грозныйы сценæйæ.

Ансамбль СИМД - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд" йæ программӕ баххӕст кодта фондз ног кафтӕй

"Ансамбль йæ гастролон тур райдыдта 26 октябры Цӕгат Иры Октябры хъæуæй. Тынг хорз æмбæлд цæгатирыстойнаг кæсæг "Симд"-ы ралæудтыл. Абон ма нын уыдзæн концерт Ирон театры сценæйыл æмæ уый фæстæ афæндараст уыдзыстæм Цæцæны республикæмæ", — радзырдта Гаглойты Кристина.

Уый ма банысан кодта, ирон кафтæн табугæнджытæ къордмӕ кӕй бахатыдысты, цæмæй ма раттой концерт Сунжæйы дæр, уымæ гæсгæ, фæстæмæ здæхгæйæ, сæххæст кæндзысты цӕрджыты куырдиат.

Цæцæны республикæйы та "Симд" ауадздзӕн иумӕйаг концерт сæ паддзахадон ансамбль "Вайнах"-имæ иумæ.

Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы гастролтæ адарддӕр уыдзысты 2 ноябрьмæ.
Арæзт æрцыдысты Хуссар ӕмӕ Цæгат Ирыстоны, афтӕ ма Цæцæны республикæты культурæйы министрæдты æххуысæй æмæ цæгатирыстойнаг районон администрациты æмархайдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0