Цкъайы фырты хъуыддаджы фӕдыл Цӕгат Иры ӕрцахстой дӕсӕм полицӕйаджы

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæБорьба с преступностью
Борьба с преступностью - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Резонансон хъуыддаджы фӕдыл цы дӕсӕм адӕймаджы ӕрцахстой, уый разынд Цӕгат Ирыстоны полицийы 24-аздзыд хистӕр лейтенант, хъусын кӕны СК.

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полицийы горӕттаг хайады ӕрцахстой дӕсӕм полицӕйаджы Цкъаты Владимиры амӕлӕты хъуыддаджы фӕдыл, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны УФ СК слестгӕнӕн управлени.

Сотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл полицӕйагтӕн бавдыстой ӕлхынцъон дау

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2015 азы 31 октябры 13:47 сахатыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иумæ бакодтой 39-аздзыд Цкъаты Владимиры, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ ӕмӕ амард реанимацион хайады.

Баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг. Ацы фыдракӕнд саразыны зылынджын цӕуынц Дзӕуджыхъӕуы полицийы уголовон агуырды хайады сӕргълӕууӕг ӕмӕ аст кусӕджы.

Полицӕйагтӕй алкӕцыйы роль дӕр хынцгӕйӕ, уыдоны зылын кӕнынц "кусӕгон барты сӕрты ахизыны" хъуыддаджы, хайады гӕсы та аххосджын кӕнынц "кусӕгон барты сӕрты ахизыны" ӕмӕ "кусӕгон бартӕй фыдархайд кӕныны тыхӕй спайдагӕнгӕйӕ" хъуыддӕгты.

"Республикон слестгӕнӕн комитеты ӕмӕ ӔФСУ-йы кусджыты иумӕйаг слестгӕнӕн-оперативон мадзӕлттӕ профессионалон ӕмӕ нывӕзтгондӕй ауадзыны фӕрцы ахст ӕрцыд полицийы горӕттаг хайы уголовон фӕдагуырды дӕсӕм кусӕг — 24-аздзыд полицийы хистӕр лейтенант", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цӕгат Ирыстоны УФ СУ зонӕнтӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ слестгӕнӕн органтӕ бахатыдысты тӕрхондонмӕ, цӕмӕй азымгонд баконд ӕрцӕуа ахӕсты. Афтӕ ма йын ӕввахс рӕстӕджы бавдыст ӕрцӕудзӕн зылынгӕнӕн тӕрхон ахӕм фыдракӕнды, куыд "кусӕгон бартӕй фыдархайд кӕныны", нысан кӕны ведомствӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0