Цӕгатирыстойнаг ансамбль "Алан" ратдзæн концерт Бакуйы

© Sputnik / Алексей КовалевАлан
Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны кафты сæйраг коллективы концертæй дарддæр ма Бакуйы фенæн уыдзæн равдыст "Ирыстоны аивад" дæр. Афтӕ ма ирон аивадæн табугæнджытæн уагъд цæудзысты мастер-класстæ кафынӕй ӕмӕ фæндырыл цæгъдынæй.

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны академион кафты ансамбль "Алан" майрæмбоны ратдзæн концерт Азербайджаны сæйраг горæт Бакуйы, хъусын кæны РЦИ-А культурæйы министрады сайт.

Концерт 3 ансамблей на стадионе к 25 годовщине провозглашения независимости рюо - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд" ӕрзилдзӕн гастролты Цæгат Кавказыл

Цæгат Ирыстоны кафты сæйраг коллективæн бирæ æзты дæргъы уый уыдзæн йæ фыццаг концерт Бакуйы. Концерт цæудзæн Азербайджаны оперӕ æмæ балеты академион театры сценæйыл.

"Ансамбль кæсджытæн бавдисдзæн хореографийы номыртæ националон инструментты оркестры цагъд æмæ вокалон къорды зардмæ. Уымæй дарддæр ма коллектив сӕххӕст кӕндзӕн дунейы адæмты кӕфтытæ, се ʻхсæн азербайджайнаг кафт дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Концерты бон ма Бакуйы театры фойейы фенæн уыдзæн нырыккон нывкæныны аивады равдыст "Ирыстоны аивад" дӕр. Уымӕй дарддæр ма ацæудзæн мастер-кластæ ирон адæмон кафтæй, ирон фæндырыл цæгъдынæй, композици æмæ зарынæй.

Ансамбль "Алан"-ы концерт уагъд ӕрцæудзæн Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты культурон коммуникацийы проекты фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0