Тыбылты Леонид ӕруынаффӕ кӕндзӕн Политсоветимӕ Хуссар Иры ном Аланимӕ раивыныл

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæГлава Южной Осетии Леонид Тибилов
Глава Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент ӕруынаффӕ кӕндзӕн партиты ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ, ахуыргӕндтимӕ, фарон цы хъӕппӕрис раразмӕ кодта, ууыл – республикӕйӕн йӕ историкон ном – Алани - раздахыныл.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент ноябры ӕрымбырд кӕндзӕн Политикон совет, цы ран ӕруынаффӕ кӕндзысты республикӕйӕн йӕ историкон ном — Алани — раздахыны фарстыл, загъта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ӕрсидт Хуссар Иры ном Хуссар Ирыстон-Аланимӕ раивын

Бӕстӕйӕн йӕ историкон ном — Алани — раздахыны фӕдыл Тыбылты Леонид фехъусын кодта 2015 азы октябры. Яновскаяйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы рӕстӕджы уагъд ӕрцыдысты рабадтӕ ацы фарсты фӕдыл, президенты номыл ӕрбацыдысты сӕдӕгай фыстӕджытӕ рӕспубликӕйы ӕмбӕстӕгтӕй ӕмӕ не ′мзӕххонтӕй фӕсарӕнты.

"Уагъд цыдысты систематикон консультацитӕ куыд Хуссар, афтӕ Цӕгат Ирыстоны ахуыргӕндтимӕ, эксперттимӕ ӕмӕ политиктимӕ. Ацы куыст дарддӕр цӕуы абон дӕр", — загъта уый.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Премьер: РХИ ном раивынмæ хъæуы æрæвналын æвæстиатæй

Яновская банысан кодта, президенты адресыл фыссӕн куырдиӕттӕй дарддӕр ма ацы хъӕппӕрисыл активон уынаффӕтӕ кӕй цӕуынц социалон хызӕгты.

"Сӕ фылдӕры нымадмӕ гӕсгӕ, нӕ бӕстӕйӕн хъуамӕ ӕрцӕуа лӕвӕрд Республикӕ Хуссар Ирыстон — Алани ном, ацы фыстӕджытӕ иууылдӕр сты ӕвӕрд президенты столыл. Леонид Харитоны фырт снысан кӕндзӕн политикон советы рабадт ауадзыны датӕ, цы ран хайад райсдзысты партиты ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, ахуыргӕндтӕ. Уынаффӕ цӕудзӕн фарсты формулировкӕимӕ баст варианттыл дарддӕры куысты тыххӕй", — балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0