Цхинвалы вокзал адавӕджы хӕдзары ссардтой хӕцӕнгарз

© МВД ЛНР /  Ахизын медиабанкмæОружие и боеприпасы
Оружие и боеприпасы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адавыны хъуыддаджы азымгонды хӕдзары оперативон кусджытӕ ссардтой снайперон винтовкӕ, дыууӕ автоматы, цуаноны хӕцӕнгарз, гранатӕтӕ, хӕстӕрмӕджытӕ, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны МХМ-ы.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ-ы кусджытӕ ауагътой басгӕрст Цхинвалы вокзалы кусджытӕй ӕхца аскъӕфыны хъуыддаджы азымгонды хӕдзары. 

Оперативон кусджытӕ ссардтой хӕдзары хӕцӕнгарзы парти ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, фехъусын кодтой Sputnik МХМ-ы пресс-службӕйы.

Цхинвалы автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Оперативон кусджытӕ фӕхӕст сты цхинвайлаг автовокзалы къӕрныхы фӕдыл

Хуыснӕгдзинад баконд ӕрцыд ацы аз июны. Абырджытӕ ахастой 1 млн 200 мин сомы бӕрц ӕхца — автотранспортон куыстуаты кусджыты мызд.

Барадхъахъхъӕнӕн органтӕн бантыст фыдгӕнджытӕй иуы ссарын. Ӕмархайджытӕй иу — 28 аздзыд цхинвайлаг Гобозты Алексейы (фӕсномыгӕй "Бибо") радтой агуырдмӕ.

"МХМ слестгӕнӕн управлени ӕмӕ криминалон милицийы кусджытӕ ауагътой басгӕрст, Цхинвалы вокзалӕй ӕхца аскъӕфынмӕ зӕрдӕ кӕмӕ ӕхсайы, уыцы цхинвайладжы фатеры Тӕболты Сергейы уынгыл. Басгӕрсты рӕстӕджы ссардӕуыд ӕмӕ байст ӕрцыдысты: Драгуновы снайперон винтовкӕ, дыууӕ автоматы, цуаноны хӕцӕнгарз, гранатӕтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ", — загътой пресс-службӕйы.

Амӕй размӕ, Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы (Цъунар) оперативон информацийы реализацийы рӕстӕджы, 36-аздзыд цӕрӕджы хӕдзары криминалон милицийы кусджытӕ ссардтой урс автомашинӕ "ВАЗ-Приора", кӕцыйы хицау у Гобозы фырт.

Ног хабӕртты лентӕ
0