ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстон системӕмӕ ивындзиндты быхаст суыдзӕн парламенты президиумы ӕввахсдӕр рабадты боныфӕткы фарстытӕй иу. Закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитет цыппӕрӕмы ӕркаст Конституцимӕ барастгӕнинӕгтӕм, кӕцытӕ хауынц депутатон ӕвзӕрстыты пропорционалон системӕйӕ мажоритарон-пропорционалон системӕмӕ рахызтмӕ.
Фарон декабры президент Тыбылты Леонид бахаста фӕндон депутатон ӕвзӕрстыты ӕмхӕццӕ системӕмӕ рахизын, банысан кодта, зӕгъгӕ, уый арӕзт ӕрцыд ахӕм нысанӕн ӕмӕ депутаттӕм кандидатты ӕхсӕн ӕвзарджытӕн фӕзындзӕн уӕрӕхдӕр равзӕрст политикон партиты уӕвынадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.
"Ӕвзӕрстон системӕмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссын уыд дуджы домӕн. Политикон тыхтӕ иууылдӕр нымайынц, кӕй йӕ хъӕуы ивын. Ацы законыпроектыл ис ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ. Депутаттӕм сӕвзӕрдзӕн ӕрмӕстдӕр процентон ахасты фӕдыл фарстытӕ", — загъта комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Олеся.
Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, законы проект бацӕттӕ кӕныны рӕстӕджы президент кӕй банхъардта ахӕм пропорци — 17 депутаты политикон партиты минӕвӕрттӕ ӕмӕ 17 депутаты та иумандатон ӕвзӕрстон зылдтӕй.
Комитеты уӕнгтӕ иууылдӕр хорзыл банымадтой, барастгӕнинӕгтӕ кӕй хъӕуы райсын, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты куыд президентон, афтӕ парламентон ӕвзӕрстон кампаниты дзырдлӕвӕрдтӕй иу.
"Уый уыд не ‘взӕрстагъоммӕ дзырдлӕвӕрдтӕй иу. Ӕз мӕхӕдӕг дыууӕ хатты ӕвзӕрст цыдтӕн парламентмӕ иумандатон зылдӕй — уыцы рӕстӕджы бӕрндзинад у фылдӕр. Науӕд вӕййы афтӕ ӕмӕ партийы уӕнг уӕвгӕйӕ, бахауынц парламентмӕ ӕмӕ ницы фӕкусынц", — загъта парти "Адӕмы иудзинад"-ы лидер Чилӕхсаты Владимир.
Парламенты барадон управленийы сӕргълӕууӕг, парти "Ныхас"-ы депутат
Бесаты Зитӕ банысан кодта, президенты хъӕппӕрис кӕй ӕвдисы политикон партиты, ӕхсӕнадон организациты ӕппӕт цӕрджыты хъуыды. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ныры ӕвзӕрстон системӕ къуындӕг кӕны ӕвзарджыты бартӕ.
"Ацы системӕ у афтӕ, ӕмӕ цӕмӕй ӕмбӕстаг парламентмӕ бацӕуа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы исты партийы скондмӕ бацӕуын. Науӕд та ӕвзарджытӕ схъӕлӕс кӕнынц партийӕн, кӕцыйы хыгъды ис уыдонӕн ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ кандидаттӕ", — загъта уый.
Депутат Дъяконты Амираны ныхӕстӕм гӕсгӕ, системӕмӕ ивындзинӕдты бахаст у ӕхсӕнадон фарст ӕмӕ йӕм хъӕуы райсын барастгӕнинӕгтӕ.
Коцты Олеся банысан кодта, радон парламентон ӕвзӕрстытӕ кӕй ацӕудзысты 2019 азы ӕмӕ ма цы рӕстӕг баззад, уымӕй хъӕуы спайда кӕнын фӕстиуджытимӕ, цӕмӕй законыпроект уа гъӕдджын.
Уынаффӕты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, комитеты уӕнгтӕ схъӕлӕс кодтой, цӕмӕй фарст бахаст ӕрцӕуа президиумы радон рабадты боныфӕткмӕ.
Уымӕй дарддӕр ма депутаттӕн байуӕрстой Хуссар Ирыстоны парламентмӕ депутатон ӕвзӕрстыты фӕдыл законы ног редакци. Президенты минӕвар парламенты Козаты Мадинӕ бахатыд комитеты уӕнгтӕм, цӕмӕй ацы фарст ист ӕрцӕуа боныфӕткӕй.
"Мах иу боны мидӕг кӕрӕдзимӕ радтам законыпроекттӕ. Сымах нӕ фӕхуыдтат комитеты рабадтмӕ, мах та закондӕттынад хуыздӕр кӕныны фӕдыл къамисы рабадтмӕ юстицийы министрад цы анологон законыпроект бацӕттӕ кодта, уымӕ ӕркӕсыны нысанӕн. Уый фӕдыл президент сбӕлвырд кодта, кӕй ӕруынаффӕ кӕндзӕн парламенты спикеримӕ консенсунсмӕ ӕрцӕуыны нысанӕн", — загъта уый.
Депутат Бесаты Зитӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, парламент барӕй иргъӕвта ацы фарст, цӕмӕй бакуса йӕхи законыпроектыл, президенты ахӕм инициативӕйы тыххӕй зонгӕйӕ.
"Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, инициативӕтӕ кӕрӕдзийӕ исын аив нӕу. Хъӕуы иумӕйагӕй кусын президентимӕ дӕр, ӕмӕ президенты цур закондӕттынад хуыздӕр кӕныны фӕдыл къамисимӕ дӕр. Ӕмӕ иумӕйагӕй иу хъуыддаг аразын. Фаг у "мах" ӕмӕ "сымахыл" дих кӕнын", — загъта уый.
Мажоритарон-пропорционалон системӕмӕ рахызты фӕдыл юстицийы министрад цы законыпроект бацӕттӕ кодта, ууыл майрӕмбоны ӕруынаффӕ кӕндзысты Хуссар Ирыстоны президенты цур конституцион закондӕттынад хуыздӕр кӕныны фӕдыл къамисы рабадтыл.