"Дзарцъем"-ы полигон сыгъдӕг кӕнынц рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæРепортаж о жизни в Южной Осетии
Репортаж о жизни в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддон инженертӕ ссыгъдӕг кӕндзысты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй 3 мин гектары Дзарцъем"-ы.

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Сӕдӕ ‘фсӕддон службӕгӕнӕджы ӕмӕ 20 иуӕджы ӕфсӕддон техникӕ архайынц Хуссар Ирыстоны Дзарцъемы ӕфсӕддон полигон ӕнӕхӕлд гӕрзтӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕныныл, хъусын кӕны ХӔЗ-ы пресс-службӕ.

Строительство нового полигона для министерства обороны Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕн азы кӕронмӕ сараздзысты ног полигон

Минӕтӕ сӕнӕзианхъом кӕныны фӕдыл мадзӕлтты ма исынц хайад сӕрмагондӕй ахуыр минӕйон-агурӕг лабрадортӕ ӕмӕ куыйтӕ. Ӕдӕппӕт нывӕндынц ссыгъдӕг кӕнын ӕртӕ мин гектары.

"Хуссар Ирыстоны уӕвӕг ХӔЗ-ы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы инженерон ӕфсады дӕлхайӕдтӕ ӕрӕвнӕлдтой Дзарцъемы полигоны ахуырадон бынӕттӕ ӕнӕхӕлд гӕрзтӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй сыгъдӕг кӕнымӕ", — банысан кодтой ХӔЗ-ы.

Инженерон басгӕрст ӕдыппӕтӕй уагъд ӕрцӕудзӕн 3 мин гектарыл, ссардгонд ӕнӕхӕлд гӕрзтӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ та ӕрцӕудзысты ӕнӕзианхъом.

Сыгъдӕг кӕныны рӕстӕджы пайда кӕнынц ӕнӕконтактон рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ агурджытӕй ИНВУ "Коршун-3М" ӕмӕ хъахъхъӕнӕн костюмтӕй "Дублон".

Ног хабӕртты лентӕ
0