ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады хъӕппӕристӕ парламенты ӕвдисдзӕн закондӕттӕн органы раздӕры вице-спикер Кокойты Зураб, фехъусын кодтой президенты администрацийы.
Министрты кабинеты ӕмбырды рӕстӕджы къуырисӕры ацы кандидатурӕ хорзыл нымад ӕмхъӕлӕсӕй.
"Дӕуӕн ис егъау фӕлтӕрддзинад парламенты куысты. Фидарӕй мӕ уырны, ӕнтыстджынӕй кӕй скъуыддзаг кӕндзынӕ хицауад ӕмӕ парламенты иумӕйаг хӕслӕвӕрдтӕ", — загъта премьер-министр Хъуылымбегты Доменти.
Кокойты Зураб равдыста ныфс, кӕй сараздзӕн ӕппӕтдӕр, цӕмӕй фӕбӕрзонддӕр уа хицауады къабазты ӕхсӕн ӕмгуыстад.
2003-2005 азты Кокойты Зураб куыста хицауады фыццаг вице-премьеры бынаты.
2005 азы ӕххӕст кодта премьеры хӕстӕ.
V ӕрсидты парламенты Кокойты Зураб уыд фыццаг вице-премьер, спикер Коцты Станиславы йӕ бынатӕй ссӕрибары фӕстӕ ӕххӕст кодта парламенты сӕргълӕууӕджы хӕстӕ.
Фӕстаг парламентон ӕвзӕрстыты Кокойты Зурабы парти "Иудзинад"-ӕн нӕ бантыст фаг хъӕлӕсты нымӕц ӕрӕмбырд кӕнын парламенты скондмӕ бацӕуынӕн. Фӕстӕдӕр уый фидаргонд ӕрцыд президенты администрацийы къухдариуӕггӕнӕджы хӕдивӕджы хӕдивӕгӕй.
Абоны онг хицауады минӕвар парламенты уыд Гобозты Вячеслав.