Хуссар Иры хицауад фӕнд кӕны ӕфсӕддон службӕйы ӕмгъуыд фӕкъаддӕр кӕнын

© Sputnik / Ада БагианКурсанты, поступившие в вузы РФ
Курсанты, поступившие в вузы РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртӕккӕ ӕвӕстиат службӕйы ӕмгъуыд у иу аз ӕмӕ ӕрдӕг. Хицауад банхъардта ӕрсиддонты службӕйы ӕмгъуыд иу азы онг фӕкъаддӕр кӕнын.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад дыццӕджы хорзыл банымадта "Ӕфсӕддон хӕсӕвӕрд ӕмӕ ӕфсӕддон службӕйы фӕдыл" законмӕ барастгӕнинӕгтӕ.

Барастгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ, ӕфсӕддон службӕйы ӕмгъуыд 1,5 азы бӕсты уыдзӕн иу азы, фехъусын кодтой Sputnik РХИ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

40 сидтоны райстой ардбахӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
40 сидтоны райстой ардбахӕрд Цхинвалы

Законмӕ барастгӕнинӕгтӕ министрты кабинеты ӕмбырды рӕстӕджы ӕрбавдыста хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим. Уый бафиппайдта, ивындзинӕдтӕ рагхыгъд кӕй кӕнынц ӕфсӕддон службӕ 18 мӕйӕ 12 мӕйы онг фӕкъаддӕр кӕнын.

Ӕрбавдисгӕ барастгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ, фӕкъаддӕр уыдзӕн офицерты ӕфсӕддон службӕйы кӕроны кар. Ныр инӕлар-лейтенанты ӕмӕ инӕлар-майоры цинты ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕн уый уыдзӕн 60 азы онг, булкъонӕн 55 азы онг, ӕндӕр цины ӕфсӕддон службӕгӕнӕгӕн та — 50 азы онг.

Законыпроект ӕрвыст ӕрцӕудзӕн парламентмӕ дарддӕры ӕркасты тыххӕй.

2008 азӕй ӕвӕстиат службӕйы ӕмгъуыд Уӕрӕсейы дӕр у иу аз.

Ног хабӕртты лентӕ
0