ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Республикон партийы кандидат, миллиардер Дональд Трамп ӕвзӕрст ӕрцыд АИШ-ы президентӕй, фаг ӕвзарджыты хъӕлӕстӕ ӕрӕмбырд кӕнгӕйӕ. Ахӕм прогноз ӕрбавдыста агентад Ассошиэйтед Пресс, хъусын кӕны РИА Новости.
Демократ Хиллари Клинтон нӕ банымадта йӕ басаст ӕвзӕрстыты.
Раззагондӕр телеканалтӕ ӕмӕ информацион агентад Ассошиэйтед пресс аразынц уӕлахиздзауты фӕдыл прогнозтӕ хицӕн штатты хъӕлӕстӕ кӕронмӕ банымайыны онг, статистикон моделтыл бындуриуӕг кӕнгӕйӕ. Ацы прогнозтӕ не ′сты официалон, фӕлӕ сын ис ахадӕн авторитет.
Кӕцыдӕр штатты нырма дӕр цӕуы хъӕлӕсты нымад.