Хуссар Иры ФХМ: НАТО-йы ахуыртӕ Гуырдзыстоны ӕндыгъд кӕнынц уавӕр регионы

© Sputnik / Георгий Базаев /  Ахизын медиабанкмæОткрытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии
Открытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ФХМ равдыста катай Гурдзыстоны 10-20 ноябрьмӕ нывӕзтгонд НАТО-йы ахуырты фӕдыл. Уагдоны нымайынц, ахуыртӕ кӕй сты ӕвдисӕн НАТО-йы провокацион курсӕн, кӕцы хорзыл нымайы Гуырдзыстоны реваншистон политикӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. НАТО-йы ахуыртӕн Гуырдзыстоны Хуссар Ирыстоны разамынад саргъ кодта куыд регионы уавӕр фӕкарздӕр кӕныны фӕдыл деструктивон архӕйдтытӕ. Республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл министрад (ФХМ) цыппӕрӕмы ныммыхуыр кодта официалон хъусынгӕнинагимӕ уый фӕдыл.

Учения НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры мӕты ӕфтауы АИШ ӕмӕ НАТО-йы активондзинад Гуырдзыстоны

Гуырдзыстоны хъахъхъӕнынады министрады базӕ "Вазиани"-йы цыппӕрӕмы райдыдтой командон-штабон ахуыртӕ "НАТО-Гуырдзыстон 2016". Хайад сӕ райсдзысты 14 бӕстӕйы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ. Ахуырты сӕйраг хӕслӕвӕрдтӕ сты "Гуырдзыстон, альянс ӕмӕ партнерон бӕстӕты гарзджын тыхты ӕмгуыстад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, афтӕ ма контролы фадӕттӕ фӕтыхджындӕр кӕнын".

Республикӕйы ФХМ равдыста катай Гуырдзыстоны 10-20 ноябрьмӕ нывӕзтгонд НАТО-йы ахуырты фӕдыл.

"Гуырдзыстойнаг политикты агресивон ӕрсидты фоныл, Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы ахуыртӕн ис саргъгӕнӕн, куыд уавӕр фӕкарздӕр кӕныны фӕдыл радон деструктивон архӕйдтытӕ, уымӕн ӕмӕ азӕй азмӕ уӕрӕхдӕр кӕны масштаб ӕмӕ сӕ цы ӕфсад ӕмӕ техникӕ архайы, уыдон нымӕц ӕмӕ сын цыфӕнды аххосӕгтӕ ма хӕссой, уӕддӕр сын ис тынг ӕппӕрццаг ӕндӕвдад регионы стабилондзинадыл", — дзырдӕуы ӕддагполитикон ведомствӕйы хъусинаджы.

Документы автортӕ нысан кӕнынц, Хуссар Ирыстон алыхатдӕр кӕй амыдта ацы архӕйдтыты тӕссагдзинад, сидт альянсы бӕстӕтӕм ӕнӕрӕстаг равзӕрстӕй хи бахизынмӕ, фӕлӕ, хъыгагӕн, ацы ӕрсидтӕ хъуыстгонд не ′рцыдысты ӕмӕ ӕркодтой 2008 азы августы агрессимӕ.

"НАТО-Гуырдзыстон 2016" ахуыртӕ сты ӕвдисӕн НАТО-йы провокацион курсӕн, кӕцы хорзыл нымайы Гуырдзыстоны реваншистон политикӕ ӕмӕ барӕй карздӕр кӕны уавӕр Фӕскавказаг регионы", — банысан кодтой уагдоны.

Хуссар Ирыстоны ФХМ ногӕй ӕрсидт НАТО-йы бӕстӕтӕм, цӕмӕй саргъ кӕной 2008 азы августы фӕстиуджытӕн, бахынцой регионы вазыгджын уавӕр ӕмӕ ма ӕруадзой ӕнӕрхъуыды архӕйдтытӕ, кӕцытӕ асайдзысты сӕ фӕстӕ трагикон цаутӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0