Ирыстойнаг фанаттӕ ацӕудзысты матч Уӕрӕсе-Румынимӕ Черчесты Станиславы цур балӕууыны тыххӕй

© Агентство Анадолу /  Ахизын медиабанкмæФутбол. Товарищеский матч. Турция - Россия
Футбол. Товарищеский матч. Турция - Россия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе ӕмӕ Румынийы ӕхсӕн ӕмбаладон матчмӕ, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн 15 ноябры Грозныйы, ирыстойнаг футболон фанаттӕ афӕндараст уыдзысты стыр къордӕй.

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Ирыстойнаг футболон фанатты егъау къорд ацӕудзӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Румынийы футболон ӕмбырдгӕндты ӕхсӕн матчмӕ, Черчесты Сталиславы фарс моралон ӕгъдауӕй балӕууыны тыххӕй, фехъусын кодта "Р-Спорт" футболон клуб "Терек"-ы менеджер Александр Федосеев.

Уӕрӕсе ӕмӕ Румынийы ӕхсӕн фембӕлд уагъд ӕрцӕудзӕн 15 ноябры Грозныйы изӕры авд сахатыл.

"Футболон фанаттӕ тынг активонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты Уӕрӕсӕйы ӕмбырдгонды уӕлахизмӕ. Зонын ӕй, ирыстойнаг фанаттӕ кӕй ӕрцӕудзысты сӕрмагондӕй се ′мзӕххон — Черчесты Станиславы цур моралон ӕгъдауӕй балӕууыны тыххӕй", — загъта Федосеев.

Уый банысан кодта, Грозныйы стадионы кӕй уыдзӕн иумӕйаг сектор "Кавказ".

Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Черчесты Станислав: националон ӕмбырдгондмӕ хъӕуы исын ӕрыгон футболистты

"Уым уыдзысты футболон фанаттӕ Цӕгат Кавказы регионӕтӕй, уымӕн ӕмӕ уый у стыр цау махӕй алкӕмӕн дӕр. Мах нӕ тӕрсӕм ӕдасдзинадӕн. Цӕгат Кавказы регионтӕй фанаттӕ иууылдӕр уыдзысты иу секторы ӕмӕ мах стӕм ӕнӕдызӕрдыг, алцыдӕр кӕй ацӕудзӕн нывыл", — загъта Федосеев.

Уый ма радзырдта, сыхаг регионтӕй фанаттыл, кӕцытӕ ӕрцӕуынц стыр колоннӕтӕй автомобилон транспортыл, сӕмбӕлдзысты ӕмӕ афӕндараст кӕндзысты ӕнӕ цӕлхдуртӕй, уымӕй дарддӕр та ӕдасдзинады мадзӕлттӕ уыдзысты стандартон.

Ног хабӕртты лентӕ
0