МХМ кусджытӕ ӕрӕхгӕдтой "Лирика"-йы партийы ӕрбаласт Хуссар Ирмӕ

© Пресс-служба КГБ"Лирика"
Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Препарат "Лирика" законон ӕгъдауӕй тобӕгонд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны фарон июлы.

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы оперативон кусджытӕ ӕрӕхгӕдтой республикӕмӕ тобӕгод медицинон препарат "Лирика"-йы ӕртӕ сӕдӕ капсулӕйы ӕрбаласт, фехъусын кодтой Sputnik ведомствӕйы пресс-службӕйы.

Афтек - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент ӕрӕхгӕдта Хуссар Ирыстоны "Лирика" уӕй кӕныны бар

Фарон июлы Хуссар Ирыстоны парламент райста закон, кӕцы тобӕ ӕвӕры "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй ӕназаконон пайдакӕнынад, реализаци ӕмӕ ӕрбаластыл.

Тобӕ баст уыд уыимӕ ӕмӕ республикӕйы кӕй сӕвзӕрд тенденци ацы препаратӕй ӕнӕзаконон пайдакӕнынадмӕ, кӕцы стыр зиан хӕссы адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн.

"Закон фехалын ӕмӕ тобӕгонд препаратӕй ӕнӕзаконон пайдакӕнынадмӕ зӕрдӕ ахсайыны тыххӕй Дзауы районы Уанелы хъӕуы Паддзахадон автоинспекцийы управленийы постыл оперативон кусджытӕ ӕрурӕдтой BMW маркӕ машинӕ. Басгӕрсты рӕстӕджы машинӕйы салоны разынд 364 капсулӕйы "Лирика", — загъта МХМ пресс-службӕйы кусӕг Чехойты Александр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, машинӕйы шофыр уыд 31-аздзыд Хуыбецты Азӕмӕт Алиханы фырт. Уымӕй дарддӕр ма машинӕйы уыд дыууӕ пассажиры — 23-аздзыд Козаты Тельман Сосланы фырт ӕмӕ 45-аздзыд Битарты Александр Мухары фырт. Уыимӕ иумӕ Битары фырт басаст, ссаргӕ препараты хицау кӕй у уый.

Уадзæн пункт Уæллаг Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лирика" контрабандон æгъдауæй ласта милицийы раздæры кусæг

"Дарддӕр слестгӕнӕн мадзӕлттӕ раргом кӕндзысты, иннӕ ӕмбӕстӕгтӕ Битары фырты ӕмархайджытӕ уыдысты ӕви хуымӕтӕг пассажиртӕ. Куыд фӕнды ма уа, азымгондмӕ тӕрхондон скъуыддзаджы фӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы егъау ивар", — банысан кодта Чехойты Александр.

Амӕй размӕ ПӔК ӕмӕ МХМ-ы кусджытӕ цалдӕр хатт скодтой кӕрон Хуссар Ирыстоны тобӕгонд препараты ӕрбаласт ӕмӕ реалицацийы бафӕлвӕрдтӕн. Иу цауы рӕстӕджы фӕткхалӕг разынд МХМ-ы кусӕг, кӕцы инцидентӕй дыууӕ бон раздӕр ныууагъта йӕ куыст барадхъахъхъӕнӕг органты, иннӕ та — горӕты афтеччытӕй иуы хицау.

Ног хабӕртты лентӕ
0