ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Раст иу азы бӕрц зындгонд ирон пианисткӕ ӕмӕ композитор, Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон премийы лауреат Плиты Жаннӕйӕн нал ис фадат сфӕлдыстадон архайд кӕнын. Йӕ коллегӕ ӕмӕ хӕлар ын цы травмӕтӕ сарӕзта, уый фӕстӕ уый ис инвалидон къӕлӕтджыны.
Мӕскуыйӕ йӕ Цхинвалмӕ ӕркодтой йе ′мхӕрӕфырттӕ Мӕдинӕ ӕмӕ Заретӕ.
"Жаннӕйы фӕнадта йӕ хӕлар Абайты Руслан. Мах стӕм йе 'ввахс хӕстӕджытӕ. Мӕскуымӕ йӕм куы ныццыдтӕн, уӕд уыд тынг уӕззау уавӕры, уыдис ын инсульт. Нырма йын хос кодтой Мӕскуыйы. Рафыстой йӕ зына-нӕзына хуыздӕр уавӕры. Тынг зынтӕй фӕрӕзта, цы уавӕры бахаудта, уый. Ӕххӕстӕй йӕ куы бамбӕрста, цы йыл ӕрцыд, уӕд февралы уымӕн уыд дыккаг инсульт. Мах ӕй аластам Тбилисмӕ, цы ран ын дохтыртӕ рафыстой хостӕ ӕмӕ загътой, клиникӕйы хуыссын ӕй кӕй нал хъӕуы", — дзуры йе 'мхӕрӕфырт Багаты Мӕдинӕ.
Дыккаг инсульты фӕстӕ уый йӕ къӕхыл нал лӕууы, фӕхъӕн ис йӕ ныхас дӕр.
Хотӕй иу у медицинон хо, уый ӕнӕхъӕн суткӕтӕ ис йӕ цуры.
"Заретӕ иудадзыг ис йӕ цуры. Уый медик у, реанимацийы бирӕ фӕкуыста ӕмӕ бахъуыды рӕстӕджы ӕрцӕудзӕн ӕххуысмӕ, ӕз та фӕтыхсдзӕн. Ардӕм цӕуын ӕрвылбон дӕр. Жаннӕ алцыдӕр ӕмбары, фӕлӕ йын ныхас кӕнын зын у. Рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ йӕ бӕрӕг кӕны дохтыр-невропатолог. Ныртӕккӕ чысыл бафтыдта йӕ уӕзы ӕмӕ цин кӕнӕм", — дзуры Мӕдинӕ.
Заретӕ уадиссаг ницы дзуры, дзуапп фылдӕр кӕны Мӕдинӕ, кӕцы йӕхи хоны Жаннӕйы ӕууӕнчы адӕймаг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Жаннӕйы ӕнӕниздзинад афтӕ ӕвзӕр куы нӕма уыд, уӕд бахатыд йӕ хомӕ, цӕмӕй йӕ номыл райса ӕууӕнчы грамотӕ, цӕмӕй уымӕн уа фадат йӕ хоскӕнынады хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнын, афтӕ ма Абайты Русланы хъуыддаджы фӕдыл тӕрхондоны хъахъхъӕна йӕ интерестӕ.
"Тынг нӕ не ′ндавы Абайты Русланы хъысмӕт. Полицимӕ куырдиат уӕд Жаннӕ йӕхӕдӕг ныффыста. Махимӕ та фӕдзуры Мӕскуыйӕ слестгӕнӕг. Дзуры, зӕгъгӕ, Абайы фырт у ахст. Махӕн ныртӕккӕ иууыл ахсджиагдӕр у Жаннӕйы ӕнӕниздзинад", — дзуры композиторы ӕмхӕрӕфырт.
Хоты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдоны ӕхсӕн нӕй "ӕмхӕрӕфырт" ӕмбарынад.
"Чысылӕй фӕстӕмӕ схъомыл стӕм иу хӕдзары. Нӕ мӕдтӕ уыдысты хӕрз хотӕ, ӕмӕ мах дӕр хъомыл кодтам, куыд ӕввахс хотӕ. Ӕз ӕмӕ йын Заретӕйӕ 'ввахсдӕр ничи ис. Нӕ бон у ӕрмӕстдӕр, дохтыр ын цы хоскӕнынад рафыста, уымӕ нӕ хъус дарын", — дзуры Мӕдинӕ.
Жаннӕ йӕхӕдӕг дӕр Sputnik уацхӕссӕгимӕ ныхасы рӕстӕджы ис хӕстӕг, инвалидон къӕлӕтджыны. Йӕ цӕст та фӕлӕууы ныхасгӕнджытыл, уый фӕстӕ йӕ къух йӕ ныхыл авӕры ӕмӕ йӕ цӕстӕнгас бынмӕ ӕруадзы, куы та худгӕ бакӕны. Йӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ фӕцӕуы, уӕд нын тызмӕг "дæдæй"-йӕ фескъуыны нӕ ныхас.
Мӕдинӕй ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Жаннӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйы уагы куы вӕййы, уӕд хаттӕй-хатт йӕхимидӕг цыдӕртӕ сзары". Уый хорзы нысан у, уымӕн ӕмӕ инсульты фӕстӕ уый музыкӕйы зӕлтӕ ӕппындӕр нӕ фӕрӕзта.
Жаннӕйы Цхинвалы ӕрӕджы бабӕрӕг кодта оперон зарӕггӕнӕг Амага Готти. Пианисткӕйы ӕнӕниздзинады уавӕр базоныны тыххӕй телефонӕй фӕдзуры йӕ хӕлар Оксана Науменко. Мӕдинӕ ӕндӕр никӕй хъуыды кӕны, чи ма цымыдис кодта композиторы уавӕры фӕдыл.
Тагъд рӕстӕджы Жаннӕйы хӕстӕг ацӕудзӕн Мӕскуымӕ, цӕмӕй ӕрласа композиторы архив Цхинвалмӕ.
Плиты Жаннӕ у ӕхсӕз симфони, ӕртӕ балеты, оперӕ, цалдӕр виолончелон концертты автор. Йӕ "Бӕрӕгбонон" увертюрӕйӕн дирижир кӕны Гергиты Валерий. Жаннӕ у УФ Паддзахадон премийы лауреат ӕмӕ Уӕрӕсейы композиторты цӕдисы уӕнг.
Йӕ ирд концертон программӕмӕ "Фырты ныхас йӕ мадимӕ" кӕсджытӕн фадат уыд бакӕсын 2006 азы. Уымӕй иу аз раздӕр пианисткӕйӕн фӕмард йӕ иунӕг лӕппу, ӕрыгон композитор Ӕрсойты Артур.