Дзæуджыхъæуы цæуы "Ирыстоны æвзонгдзинад"- ы фестиваль

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæАрфа
Арфа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестивалы сæ арæхстдзинад æвдисынц республикæйы 60 курдиатджын лæппу æмæ чызджы. Уæлахиздзаутæ Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты Дельфиаг хъæзтыты Екатеринбурджы.

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы райдыдта "Ирыстоны æвзонгдзинад"-ы фестиваль, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Лариса Гергиева на творческом вечере Сергея Безрукова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы байгом æхсæнадæмон фестиваль "Уазæгуаты Гергиты Ларисамæ"

Фестивалы сæ арæхстдзинад æвдисынц республикæйы районты минæвæрттæ — 10 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд, æдæппæтæй 60 курдиатджын лæппу æмæ чызджы.

"Ацы аз фестивальмæ хаст æрцыд 5 номинацийы — скрипкæ, фортепиано, баян-аккардеон, вокал æмæ ирон фæндыр. Конкурсантты азтæм гæсгæ конкурс дихгонд у æртæ хайыл. Ахæм ерыстæ сараздзысты Октябрьскæйы хъæуы дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уæлахиздзаутæ Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты Дельфиаг хъæзтыты апрелы, Екатеринбурджы. Цæгат Ирыстон алы аз дæр архайы ацы хъæзтыты.

Фестиваль арæзт æрцыд республикæйы культурæйы министрад æмæ фæсивæдон комитеты хъæппæрисæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0