ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады бон, кӕцы Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз дӕр нысан цӕуы 23 ноябры, расидт ӕрцыд улӕфт боныл, фехъусын кодтой Sputnik президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.
Президенты барамындӕй 23 ноябрь хаст ӕрцыд бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты ног къæлиндармӕ ӕмӕ нымад цӕуы улӕфт боныл.
"23 ноябрь расидт ӕрцыд улӕфт бонӕй Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды барамындмӕ гӕсгӕ сфидаргонд бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты ног къæлиндармӕ гӕсгӕ", — загътой пресс-службӕйы.
1989 азы 23 ноябры Цхинвалмӕ ӕрбаввахс бирӕминон колоннӕ гуырдзиаг националисттимӕ, сӕ лидертӕ ӕмӕ Гуырдзыстоны партион къухдариуӕгадимӕ.
40-минон агрессивон ӕфсады раз ӕрлӕууыдысты горӕты цӕрӕг цалдӕр ӕрыгон нӕлгоймаджы. Сахаты фӕстӕ уыдон нымӕц уыд дӕсгӕйттӕ, стӕй та Цхинвалы бацӕуӕны ӕрӕмбырд сты горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр.
Ныхмӕлӕуд адарддӕр ӕрмӕстдӕр дыууӕ боны. Фӕлӕ ацы цаутӕ нымад цӕуынц Хуссар Ирыстоны тохы райдианыл йӕ хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинады сӕраппонд. Ӕрвылаз дӕр ацы бон республикӕйы уагъд цӕуынц зӕрдылдарӕн мадзӕлттӕ.
Ацы бон ма Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ нысан кӕнынц Хуссар Ирыстоны Уӕлахизхӕссӕг Джиуӕрджийы бӕрӕгбон.