Ӕртыццӕджы хуссарирыстойнаг сабидӕттӕ кусдзысты сихоры онг

© Sputnik / Ада БагианДень матери
День матери - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабидӕттӕ Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы кусдзысты сихоры онг, республикӕйы электроэнерги кӕй ахицӕн кӕндзысты, уый аххосагӕн.

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Хуссарирыстойнаг сабидӕттӕ ӕртыццӕджы кусдзысты ӕрмӕстдӕр сихормӕ республикӕйы электроэнергийы нывӕзтон ахицӕны аххосагӕн, загъта Sputnik горӕт Цхинвалы ахуырады горӕттаг хайады гӕс Джиоты Агуындӕ.

Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕдж райсом фараст сахатӕй изӕры фондз сахатмӕ нӕ уыдзӕн рухс электрохызӕджы нывӕзтгонд цалцӕджы тыххӕй.

Авария на электроподстанции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы бонӕй нӕ уыдзӕн рухс

Раздӕры ахицӕнты рӕстӕджы-иу сабидӕттӕ нӕ куыстой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ электроэнергийӕ нӕ уыд фадат сывӕллӕттӕн хъарм хӕринаг сцӕттӕ кӕнын.

"Электроэнергийы хъуагдзинад халы сабидӕтты куысты бон, фӕлӕ мах ӕмбарӕм, уый зынвадӕтты кӕй ӕвӕры кусгӕ чи кӕны, уыцы ныййарджыты. Уымӕ гӕсгӕ хицауадимӕ аскъуыддзаг кодтам, цӕмӕй сабидӕттӕ кусой ӕрдӕг бон. Хӕринаггӕнджытӕ ӕрбацӕудзысты ацы бон раздӕр, цӕмӕй ӕрцӕттӕ кӕной хъарм аходӕн сывӕллӕттӕн. Сихоры онг ма сывӕллӕттӕн бахӕрын кӕндзысты сур хӕринаг, ома бутербродтӕ — дзул цыхтимӕ ӕмӕ нӕлхӕимӕ", — радзырдта уый.

Джиоты Агуындӕ ма банысан кодта, сывӕллӕтты кӕй нӕ ныууадзысты сихоры фынӕймӕ, уымӕн ӕмӕ централон хъармгӕнӕн системӕ у баст электроэнергиимӕ ӕмӕ уагдӕтты уыдзӕн уазал.

"Уымӕ гӕсгӕ 14:00 сахатыл ныййарджытӕ сӕ сывыллӕтты хъуамӕ акӕной хӕдзӕрттӕм", — бафтыдта Джиоты Агуындӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъолаты райсомӕй ахуыргӕнинӕгтӕн байуардзысты адджын дзултӕ, дарддӕргӕнӕн къордтӕ дӕр сӕрибар ӕрцӕудзысты ахуыртӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0