Хуссар Ирыстоны ахицӕн рухс

© FacebookВъезд в Цхинвал
Въезд в Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Энергоресурс" ӕртыккаг фӕдзӕхсты фӕстӕ "сӕххӕст кодта" йӕ дзырд ӕмӕ рухс Хуссар Ирыстоны ахицӕн растдӕр 9.00 сахатыл.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Рухс Хуссар Ирыстоны ахицӕн кодтой растдӕр 9.00 сахатыл, "Энергоресурс"-ы къухдариуӕгад куыд фӕдзӕхста, афтӕ. Республикӕйы цӕрджытӕ ӕнӕ рухсӕй уыдзысты 17:00 сахаты онг.

Куыстуаты гендиректор Гӕбӕраты Алан бамбарын кодта Sputnik, ахицӕн баст кӕй у Цгат Ирыстоны фадыгыл "Цӕгаттаг портал"-ы дӕлстанцы нывӕзтгонд цӕлцӕггӕнӕн куыстытимӕ. Ацы мадзӕлттӕ сты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, цӕмӕй электрохызӕгтӕ бацӕттӕ кӕной зымӕгон периодмӕ. Электрохаххы хызӕджы цалцӕг хаст ӕрцыд ныр дыууӕ хатты "объективон аххосӕгтӕм гӕсгӕ".

День матери - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртыццӕджы хуссарирыстойнаг сабидӕттӕ кусдзысты сихоры онг

Сабидӕттӕ фехъусын кодтой, ацы бонты кӕй нӕ кусдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст электрогарзӕгтӕй ифтонг цы уагдӕттӕ сты, уым нӕй фадат сывӕллӕттӕн хӕринаг цӕттӕ кӕнын. Уый арӕзта зынвадӕттӕ ныййарджытӕн, кӕцытӕн нӕ уыд сывӕллӕтты кӕимӕ ныууадзой. Ацы хатт горӕты ахуыры хайад аскъуыддзаг кодта, сабидӕттӕ сывӕллӕтты кӕй райсдзысты райсомӕй, фӕлӕ сӕ кӕй хъуамӕ акӕной 14.00 сахатыл.

"Мах ӕрӕмдзых кодтам фарст хицауадимӕ ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, сабидӕттӕ кӕй кусдзысты ӕрдӕгбон. Хӕринаггӕнджытӕ ӕрбацӕудзысты ацы бон раздӕр, цӕмӕй ӕрцӕттӕ кӕной хъарм аходӕн сывӕллӕттӕн. Сихоры онг ма сывӕллӕттӕн бахӕрын кӕндзысты сур хӕринаг", — загъта Sputnik горӕт Цхинвалы ахуырады горӕттаг хайады гӕс Джиоты Агуындӕ.

Рухсы ахицӕны тыххӕй скъолаты дарддӕргӕнӕн къордтӕ дӕр сӕрибар ӕрцӕудзысты ахуыртӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0