Цӕгат Ирыстоны ӕрцахстой уӕрӕсейаг исады хистӕры

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæБорьба с преступностью
Борьба с преступностью - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕбиты Аланмӕ зӕрдӕ ‘хсайы кусӕгон ӕххӕстбарты сӕрты ахизын ӕмӕ уыдонӕй фыдархайд кӕнынмӕ, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы 10 азы онг ахӕсты баконд.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Уголовон хъуыддаг баконд ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны Уӕрӕсейаг исады (Росимущество) управленийы къухдариуӕггӕнӕг Цӕбиты Аланы ныхмӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ Сӕйраг упраленийы пресс-службӕ.

"Территориалон управленийы къухдариуӕггӕнӕг сарӕзта архӕйдтытӕ, кӕцытӕ хизынц йе ‘ххӕстбартӕй, уый фӕстиуӕгӕн горӕт Дзӕуджыхъӕуы 62 милуан сомы аргъ зӕххы фадгуытӕ уӕй ӕрцыдысты асламдӕргонд аргъӕй — 1,5 милуан сомӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, чиновник кӕй бафыста цалдӕр документы, кӕцытӕм гӕсгӕ федералон исадӕй байст ӕрцыд 10 гектары бӕрц зӕххы фадыг Горӕтгӕрон районы. Фӕстӕдӕр фадыг лӕвӕрд ӕрцыд хисӕрмагонд адӕймагӕн, кӕцы йӕ фӕнд кӕны хи бакӕнын.

Проверка купюр при задержании взяточника - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры полицийы кусӕджы фӕзылынджын кодтой лигъдӕттӕй гӕртӕмттӕ исыны

Цӕбиты Аланы азым кӕнынц УФ УК 285 статьямӕ гӕсгӕ (кусӕгон барты сӕрты ахизын ӕмӕ уыдонӕй фыдархайд кӕнын), баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг ӕххӕстбарты сӕрты ахизыны фӕдыл. Азымгонд ӕрцыд ахст, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы 10 азы онг ахӕсты баконд.

Барадхъахъхъӕнӕг органты зонӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕбиты Алагы ӕрцахстой сентябры, уымӕ зӕрдӕ ‘хсайдта йӕ кусӕгон барты сӕрты ахизыны ӕмӕ 61 млн сомы бӕрц ӕхца адавынмӕ завод "Разряд"-ы зӕхх ауӕй кӕныны рӕстӕджы 2013 азы. Ацы бадзырд зиан радта 390 млн сомы бӕрц.

Цӕгат Ирыстоны завод "Разряд" ис паддзахадон корпораци "Ростех"-ы сконды, куыстуаты продукцийӕ пайда цӕуы хъахъхъӕнынадон-сӕудӕджерадон комплексы. Ацы августы республикӕйы ӕмӕ "Ростех"-ы къухдариуӕгад фехъусын кодтой, кӕй фӕнд кӕнынц заводы кондадон хъомыстӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0