Цӕгат Иры полицийы кусӕджы фӕзылынджын кодтой лигъдӕттӕй гӕртӕмттӕ исыны

© Пресс-служба ГУ МВД РФ /  Ахизын медиабанкмæПроверка купюр при задержании взяточника
Проверка купюр при задержании взяточника - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тӕрхондон сбӕлвырд кодта, 38-аздзыд Бедойты Диана кӕй иста гӕртӕмттӕ лигъдӕттӕй рӕсӕтӕгмӕ цӕрыны тыххӕй æмгъуыдивгъуыд барлæвæрдтӕ адарддӕр кӕныны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон рахаста ӕртӕ азы дзырдӕй ӕмӕ егъау ивары тӕрхон РЦИ-А республикон мидхъуыддӕгты министрады миграцийы фарстыты фӕдыл управленийы кусӕгӕн, хъусын кӕны регионалон ӔФС-йы пресс-службӕ.

Молоток судьи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры фӕивар кодтой сылгоймаджы Экстремистон литературӕ уӕй кӕныны тыххӕй

Ведомствӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Бедойты Диана спайда кодта йӕ службӕйон уавӕрӕй, цӕмӕй иса гӕртӕмттӕ лигъдӕттӕй рӕстӕгмӕ цӕрыны тыххӕй æмгъуыдивгъуыд барлæвæрдтӕ адарддӕр кӕныны тыххӕй.

"Цӕгат Ирыстоны ӔФСУ-йы ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады кусджыты оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ ауадзыны рӕстӕджы, 60 мин сомы бӕрц гӕртам райсгӕйӕ фыдгӕнӕг ӕрцыд ахст цауы бынаты йӕ кусӕгон кабинеты", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Тӕрхондон сылгоймагӕн рахаста зылыны тӕрхон ӕртӕ азы дзырдӕй ӕмӕ 1,8 млн сомы ивар бафидын.

Ног хабӕртты лентӕ
0