ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон ӕрцахста "Кавказаг тоннеларазӕн компанийы" исад, кӕцы нӕ бафыста йӕ кусджытӕн 55 милуан сомы бӕрц куыстмызд, фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны слестгӕнӕн управлени.
Фӕдагуырд сбӕлвырд кодта, 2015 азы январӕй ныры онг компанийы къухдариуӕгадӕн кӕй уыд фадат куыстмызд бафидын, фӕлӕ уый нӕ сарӕзтой ӕмӕ ӕппынфӕстагмӕ хӕсы бӕрц ссис 55 милуан сомы.
Апрелы баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг УФ УК 145.1 статьямӕ гӕсгӕ (дыууӕ мӕй ӕмӕ уымӕй фылдӕр мызд ӕмӕ ӕндӕр фиддӕнтӕ ма бафидын).
"Зиан баххӕст кӕныны тыххӕй, слестгӕнӕн органты куырдиатмӕ гӕсгӕ, тӕрхондон ӕрцахста 38 иуӕджы автотранспорт, сӕрмагонд техникӕ, бӕстыхӕйттӕ, афтӕ ма банчы хыгъдтӕ, кӕцытӕ сты регистраци ацы компанийыл. Ӕрцахстгонд исады аргъ у 60 милуан соммӕ ӕввахс", — банысан кодтой уагдоны.
Слестгӕнӕн управленийы слестгӕнӕн комитеты информацимӕ гӕсгӕ, слестгӕнджытӕ ӕрфарстой компанийы гендиректор, сӕйраг бухгалтер ӕмӕ 223 кусӕджы, 168 адӕймаджы ӕрцыдысты нымад зианбаййафджытыл.