Бӕройты Хасанӕн байстой Олимпиадӕ – 2008 майдан

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæЧлен сборной России по греко-римской борьбе Хасан Бароев
Член сборной России по греко-римской борьбе Хасан Бароев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕройты Хасаны Пекины хъӕзтыты майданӕй фӕцух кӕныны фӕдыл Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитеты скъуыддзаджы тыххӕй информаци ис ӕвӕрд организацийы официалон сайтыл.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя —Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет (ӔОК) фӕцух кодта олимпиаг майданӕй греко-римаг стилы уӕрӕсейаг хъӕбысӕйхӕцӕджы Ирыстонӕй Бӕройты Хасаны, фехъусын кодта Р-Спорт.

Бӕройты Хасанӕн байстой Пекины хъӕзтыты йӕ олимпиаг ӕвзист майдан 120 кг уӕзы категорийы.

Борец Сослан Тигиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
ӔОК байста ирон богалтӕ Тыджыты Сослан ӕмӕ Таймуразы олимпиаг майдантӕ

ӔОК ма фӕцух кодта майдантӕй уӕрӕсейаг уӕззау атлетты — Хаджимурат Аккаев ӕмӕ Дмитрий Лапиковы, скъуыддзаджы тыххӕй информаци ис ӕвӕрд организацийы официалон сайтыл.

Аккаев ӕмӕ Лапиковы фӕцух кодтой Пекины хъӕзтыты йӕ олимпиаг бронзӕ майдантӕй 94 ӕмӕ 104 кг онг уӕзы категориты.

Афтӕ ма ницӕуыл нымад ӕрцыдысты уӕрӕсейаг рог атлетикӕйы минӕвар Елена Слесаренкойы фӕстиуджытӕ, кӕцы хъуамӕ бацахстаид цыппӕрӕм бынат Хъӕзтытӕ —2008, фӕлӕ райста бронзӕ майдан, йе ′мзӕххон Анна Чичеровайы спортивон ӕнтыстытӕ нымад куы ӕрцыдысты ӕнӕхъомысыл, уӕд.

Спортсменты хъысмӕт дарддӕр скъуыддзаг кӕндзысты ӕхсӕнадӕмон федерацитӕ, дзырдӕуы ӔОК-ы хъусинаджы. Уыимӕ иумӕ, Уӕззау атлетикӕйы ӕхсӕнадӕмон федераци августы фехъусын кодта Лапиков ӕмӕ Аккаевы Олимпиадӕ-2008 ӕвӕрццаг допинг-тестты тыххӕй ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны тыххӕй.

Амӕй размӕ ӔОК дыууӕ хатты ногӕй басгӕрста Пекин ӕмӕ Лондоны олимпиаг хъӕзтыты допинг-тесттӕ. Ацы басгӕрстты рӕстӕджы сӕ допинг-тест цы спортсментӕн разындысты ӕвӕрццаг, уыдон ацух кодтой майдантӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0