Цӕгатирыстойнаг экс-чиновникы фӕазым кодтой 208 млн сомы аргъ хуыснӕгдзинӕдты

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæРейд по выявлению нарушителей правил дорожного движения
Рейд по выявлению нарушителей правил дорожного движения - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстуаты раздӕры къухдариуӕггӕнӕджы ныхмӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Фӕндагон змӕлды уагӕвӕрд халыны фотовидеофиксацийы автоматизацигонд системӕйы саразыны рӕстӕджы ӕххӕстбарты сӕрты ахизыны фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны МХМ слестгӕнӕн управлени бакодта уголовон хъуыддаг паддзахадон унитарон конады раздӕры сӕргълӕууӕджы ныхмӕ республикӕйы фотовидеофиксацийы автоматизацигонд системӕйы саразыны рӕстӕджы ӕххӕстбарты сӕрты ахизыны фӕдыл, фехъусын кодтой регионалон МХМ-ы.

Рокский тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны тӕрхондон ӕрцахста тоннеларазӕн компанийы исад

"Куыстуаты экс-къухдариуӕггӕнӕг ӕнӕ Цӕгат Ирыстоны исады министрады разыдзинадӕй сарӕзта фирмӕимӕ бадзырд фӕндагон змӕлды уагӕвӕрд халыны фотовидеофиксацийы автоматизацигонд системӕйы саразыны фӕдыл. Полицийы кусджытӕ басгӕрсты рӕстӕджы сбӕлвырд кодтой, бадзырд арӕзт кӕй уыд ӕнӕ проектон-сметӕйон документацийӕ ӕмӕ йӕ аргъ ӕнӕбындурӕвӕрдӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ведомствӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй нардуатон организацийы хыгъдтӕм бахастӕуыд 208 млн сомӕй фылдӕр системӕ саразынӕн.

Уымӕй дарддӕр ма полицийы кусджытӕ сбӕлвырд кодтой, бадзырды ӕууӕлтӕ ныры онг дӕр кӕй не ′рцыдысты ӕххӕст, ӕххӕстгӕнӕг фотовидеофиксацийы автоматизацигонд системӕ нырма дӕр нӕ адӕтта республикон исадмӕ.

"Паддзахадон унитарон конады раздӕры сӕргълӕууӕджы ныхмӕ Цӕгат Ирыстоны МХМ слестгӕнӕн управлени бакодта уголовон хъуыддаг УФ УК 201 статьяйы, 2 хаймӕ гӕсгӕ (ӕххӕстбартӕй хӕрамиуӕг кӕнын)", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0