Мамиашвили: нӕ мӕ уырны, Бӕройты Хасан допингӕй кӕй пайда кодта

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Федерации спортивной борьбы России Михаил Мамиашвили
Президент Федерации спортивной борьбы России Михаил Мамиашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортивон хъӕбысхӕсты уӕрӕсейаг федерацийы сӕргълӕууӕг ӕмӕ грекъаг-римаг хъӕбысхӕстӕй уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды сӕйраг тренер сты ӕнӕдызӕрдыг, Бӕройты Хасан кӕй нӕ пайда кодта тобӕгонд препараттӕй.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Спортивон хъӕбысхӕсты уӕрӕсейаг федераци цӕттӕ у цыфӕнды ӕххуыс дӕр бакӕнын богал Бӕройты Хасанӕн, кӕд уый сфӕнд кӕна бахъаст кӕнын Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитеты скъуыддзаджы фӕдыл спортсмены 2008 азы олимпиаг майдан байсыны тыххӕй. Уый тыххӕй агентад Р-Спорт фехъусын кодта федерацийы президент Михаил Мамиашвили.

Цыпӕрӕмы ӔОК фехъусын кодта, Пекины олимпиадӕйы допинг-тестты ног басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, Бӕройты Хасанӕй байст кӕй ӕрцыд йӕ ӕвзист майдан 120 кг уӕзы онг категорийы.

"Нӕ мӕ уырны, Хасан допингӕй кӕй пайда кодта. Уый мӕнӕн ӕрмӕст ме ′ввахсдӕр ӕмбал ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг нӕу, фӕлӕ ӕввахсдӕр. Нӕ йӕ ӕмбарын, цы ратдзӕн нӕ спорты хуызы допингӕй пайда кӕнын, допинг хъӕбысхӕсты цы ӕххуыс у", — загъта Мамиашвили.

Уый бафтыдта, федераци кӕй у цӕттӕ Бӕройты Хасанӕн цыфӕнды ӕххуыс дӕр саразын, кӕд уый сфӕнд кӕна бахъаст кӕнын Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитеты скъуыддзаджы фӕдыл.

Член сборной России по греко-римской борьбе Хасан Бароев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕройты Хасанӕн байстой Олимпиадӕ – 2008 майдан

"Законмӕ гӕсгӕ цыдӕриддӕр ис гӕнӕн саразын, уый сараздзыстӕм, ацы фӕндаг кӕронмӕ акӕндзыстӕм ӕнӕдызӕрдыгӕй", — фидарӕй загъта спортивон хъӕбысхӕсты уӕрӕсейаг федерацийы президент.

Грекъаг-римаг хъӕбысхӕсты уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Гоги Когуашвили дӕр нымайы рӕдыдыл ӔОК-ы скъуыддзаг ӕмӕ йӕ схуыдта националон командӕйы дискредитацийы фӕдыл компанийы адарддӕр.

Уый фехъусын кодта, Бӕройты Хасан кӕй никуы пайда кодта тобӕгонд препараттӕй, "у рӕстаг ӕмӕ бӕрнон адӕймаг, нӕ командӕйы лидер, алкӕмӕн дӕр дӕнцӕг ӕмӕ уый йӕхицӕн ахӕм цыдӕртӕ нӕ бауагътаид".

Бӕройты Хасан йӕхӕдӕг журналисттӕн загъта, кӕй бахъаст кӕндзӕн тӕрхондонмӕ Ӕхсӕнадон олимпиаг комитеты скъуыддзаджы фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0