Коцты Игорь: америкӕйаг мыхуыры фӕрӕзты Клинтоны ахъаздзинад уыд ӕргом

© Sputnik / Ада БагианИгорь Кочиев
Игорь Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ парламенты депутат Коцты Игоры хъуыдымӕ гӕсгӕ, Трампы уӕлахиз бынӕттон дзыллон информацийы фӕрӕзты ныхмӕархайды бын дзурӕг у ууыл, америкӕйаг ӕхсӕнад кӕй домы ивындзинӕдтӕ, мыхуыры информацийы фӕрӕзтӕ та нӕ хынцынц ӕхсӕнады ӕнкъарӕнтӕ.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Америкӕйы иугонд штатты дзыллон информацийы фӕрӕзтӕн бӕстӕйы президентон ӕвзӕрстыты ӕвзӕрстон кампанитӕм уыд иуварсон ахаст — лӕууыдысты демократон партийы кандидат Хиллари Клинтоны фарс, загъта Sputnik ӕхсӕнадӕмон ахастыты ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл Хуссар Ирыстоны парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь.

Кандидат в президенты США Дональд Трамп в день выборов президента США - Sputnik Хуссар Ирыстон
ДИФ: Трамп ӕвзӕрст ӕрцыд Америкӕйы президентӕй

Sputnik.Цӕстӕнгас-ы ӕрфарсты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, америкӕйӕгты фылдӕр нымӕц (80%) нымайынц, дзыллон информацийы фӕрӕзтӕн АИШ-ы президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы кӕй уыд субъективон ахаст кандидаттӕй иумӕ. Уыимӕ иумӕ, америкӕйӕгты ӕмбисӕй фылдӕр (59%) радтой дзуапп, ӕнӕобъективон ӕрмӕст националон мыхуыры фӕрӕзтӕ кӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ локалонтӕ дӕр.

"Клинтоны фарс хӕцыдысты ӕргомӕй. Америкӕйаг дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ мыхуыр кодтой ӕрмӕстдӕр Дональд Трампы ныхӕстӕ, уыимӕ иумӕ республикайнаг партийы минӕвары мыхуыры фӕрӕзтӕ ницӕмӕ дардтой", — загъта Коцты Игорь.

Парламентарий ма банысан кодта, зӕгъгӕ, бынӕттон дзыллон массон информацийы фӕрӕзты ныхмӕ архайды уавӕрты Трампы уӕлахиз дзурӕг у ууыл, ӕмӕ америкӕйаг ӕхсӕнад кӕй домы ивындзинӕдтӕ, мыхуыры информацийы фӕрӕзтӕ та нӕ хынцынц ӕхсӕнады ӕнкъарӕнтӕ.

Ӕрфарст ауагъта иртасӕн компани TNS UK, информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik курдиатмӕ гӕсгӕ АИШ-ы 2016 азы 3—7 ноябры. Фарстӕн — "уӕ нымадмӕ гӕсгӕ, АИШ-ы президентон кампанийы рӕстӕджы, цас субъективон ахаст уыд кандидаттӕй иумӕ" дзуапп радтой 1012 респонденты 18—64 азы кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0