ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуккаг ӕмӕ Алайнаг епископ Леонид раарфæ кодта ирон адӕмӕн Джиуæргуыбайы кувæн къуырийы фæдыл, хъусын кæны 15 регион.
Джиуæргуыба ирон адæм нысан кæнынц рагзамантæй фӕстӕмӕ. Фæззыгон æппæтирон бæрӕгбонæй нæ фыдæлтæ æлхынцъ кодтой азы кувæн бонтæ æмæ нысан кодтой тыллæг æфснайæн куыстыты фæуд.
"Джиуæргуыбайы бæрæгбон иу кæны не ʻппæты дæр, æххуыс кæны зындзинæдтæ быхсын æмæ фæллой кæнынӕн нæ Ирыстоны хæрзæбонæн. Джиуæргуыбайы хорзæх бацæуæд алкæцы хæдзармæ дæр, æрхæссæд сабырдзинад, фæрныгад æмæ бæркад", — раарфæ кодта епископ.
Уый ма радзырдта, ацы бæрæгбон кæй у "ирон адæмы кад æмæ намыс, у уырнынады бæрæгбон, æвдисы Хуыцауы æххуысы ныфс ӕмӕ фыдæлты æгъдæуттæн кад кæнӕн".