ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Болататы Алина. Тагъд ӕххуысы ног машинӕтӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны районты цӕрджытӕн медицинон лӕггӕдты гъӕд, загъта РЦИ- Аланийы хицауады сӕргълӕууӕг Тускъаты Таймураз районон рынчындӕтты сӕргълӕуджытӕм машинӕты дӕгъӕлтӕ дӕтгӕйӕ.
Районтӕн къуырисӕры лӕвӕрд ӕрцӕуыдзысты аст машинӕйы: "B" классы авд автомашинӕйы ӕмӕ иу реанимобиль.
"Ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуы тынг ахсджиаг хӕслӕвӕрд — не ′мбӕстӕгты цардуаджы гъӕд фӕхуыздӕр кӕнын. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады материалон-техникон базӕ фидар кӕнын у нӕ медицинӕйы размӕцыды ахсджиаг фактор. Ацы автомашинӕтӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты республикӕйы районон рынчындӕттӕм, баххуыс кӕндзысты сӕдӕгай адӕймӕгты мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын", — банысан кодта хицауады сӕргълӕууӕг.
Ног машинӕтӕ ифтонг сты нырыккон медицинон ифтонггарзӕй: дефибриллятор, ЭКГ-аппараттӕ, шокы ныхмӕ афтеччытӕй ӕмӕ ӕвӕстиат медицинон ӕххуыс бакӕныны ӕмбырдгондтӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Михаил Ратманов куыд загъта, афтӕмӕй машинӕтӕ райстой республикӕйы столицӕйӕ иууыл дӕрддзӕф районтӕ.
"Ам автомобилон материалон-техникон ифтонгад у мӕгуырау. Машинӕтӕ хъӕуынц уый тыххӕй, цӕмӕй нӕ республикӕйы дӕрддзӕф районтӕй пациенттӕн уа фадат оперативонӕй фӕхӕццӕ кӕнын централон районон рынчындӕттӕ ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы раззагондӕр клиникӕтӕм", — загъта министр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчындӕтты ифтонгад нӕ балхынцъ уыдзӕн тагъд ӕххуысы машинӕтӕй сифтонг кӕнынӕй — ацы лӕвар у фыццаг къахдзӕф. 2017 азы адарддӕр уыдзӕн республикӕйы (уыдон нымӕцы столицӕйы) рынчындӕтты парчы ифтонгад. Ӕдӕппӕт тагъд ӕххуысы машинӕтӕ райстой ӕхсӕз районы: Мӕздӕджы, Кировы, Ӕрыдоны, Алагиры, Гӕрӕтгӕрон ӕмӕ Ирӕфы районтӕ. Тагъд ӕххуысы машинӕтӕ ӕлхӕд ӕрцыдысты программӕ "Царды гъӕд"-ы реализацийы фӕлгӕтты, кӕцы уагъд цӕуы "Единая Россия"-йы хъӕппӕрисӕй.