Дзуццаты Коко 23 ноябры тыххӕй: нырма дӕр ӕй не ‘мбарын, куыд сӕ баурӕдтам

© Sputnik / Диана КозаеваВладимир Дзуццаты (Коко) и Георгий Чельдиев (Гелди)
Владимир Дзуццаты (Коко) и Георгий Чельдиев (Гелди) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады боны хӕдразмӕ Дзуццаты Владимир (Коко) мысы 1989 азы 23 ноябры цаутӕ - уый цалдӕр ӕмгаримӕ куыд ӕрлӕууын кодтой мингай гуырдзиаг националистты Хуссар Иры столицӕйы бацӕуӕны.

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Дзуццаты Коко 1989 азы 23 ноябры хабӕрттӕ хъуыды кӕны лӕмбынӕгӕй. Уый у ӕнӕдызӕрдыг, ацы цаутӕн кӕй нӕй рохгӕнӕн, кӕй сӕ хъӕуы хъуыды кӕнын цыфӕнды лыстӕг хай дӕр ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнын историйы.

Ацы бон 27 азы размӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ фыццаг хатт ӕргомӕй ӕрлӕууыдысты гуырдзиаг национализмы ныхмӕ. Гуырдзыстоны хицауад фыццаг хатт тыхы руаджы бафӕлвӕрдта контроль ӕрӕвӕрын республикӕйы, Цхинвалмӕ бирӕ мингай къордӕй бацӕугӕйӕ. Фӕлӕ сын горӕтмӕ нӕ бантыст бахизын — сӕ размӕ ӕрлӕууыд ӕрыгон лӕппуты чысыл къорд. Ӕнӕ хӕцӕнгарзӕй, фӕлӕ ныфсӕй хотыхджын, уыдон кӕрӕдзи къухтыл ныххӕцгӕйӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕрлӕууыдысты хылыввонг къорды раз.

"Ӕз дӕр уым уыдтӕн…"

Фӕстаг рӕстӕджы иууылдӕр дзурынц, зӕгъгӕ "ӕз дӕр уым уыдтӕн". Сӕхицӕй чи ӕппӕлы, уыдон куы банымайӕм, уӕд афтӕ рауайдзӕн ӕмӕ "удыгас рӕхыс" фараст-дӕс лӕппуйы скондӕй нӕ уыд, фӕлӕ цалдӕр дӕс хъӕбатыртӕй. Фӕлӕ уӕд уым чи уыд, уыдон ныры онг дӕр сты удыгас ӕмӕ зонынц, зын рӕстӕджы чи ӕрцыд ӕххуысмӕ.

"Гуырдзиаг архивты ацы цаутӕ баззадаиккой, уымӕн ӕмӕ ацы мингай къорды ӕхсӕн уыдысты ӕртӕ-цыппар адӕймаджы камерӕтимӕ, кӕцытӕ истой ацы ныхмӕлӕуды хабӕрттӕ. Уӕлдай хъусдард, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, здӕхт уыд махырдӕм. Мах фыццаг ӕмбӕхстам нӕ цӕсгӕмттӕ, фӕлӕ стӕй бамбӕрстам, уый уӕгъды кӕй у",- дзуры Коко.

© Sputnik / Диана КозаеваВладимир Дзуццаты (Коко)
Владимир Дзуццаты (Коко) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Владимир Дзуццаты (Коко)

Лӕппу фидарӕй дзуры, ацы ӕрмӕджытӕ кӕй федта 1994 азы, йӕ зонгӕтӕй кӕмӕндӕр бантыст уыдон ссарын. Дзуры, зӕгъгӕ ма йын куы бантысид уыдон иухатт фенын, уӕд уым чи уыд, уый фӕдыл фарстытӕ нал уаиккой.

"Уӕды рӕстӕджы фарст: "уым ӕцӕгӕй чи уыд?" ничи дӕтта. Алчидӕр ӕй зыдта. Фӕлӕ рӕстӕджы цыдимӕ рохуаты задысты цавӕрдӕр уысмтӕ ӕмӕ цавӕрдӕр адӕм райдыдтой фидарӕй дзурын, уыдон дӕр не хсӕн кӕй уыдысты. Фӕстӕдӕр уырдӕм ӕрӕмбырд ӕнӕхъӕн горӕт, фӕлӕ фыццаг уыдысты цалдӕр адӕймаджы. Фыццаг ничи уӕндыд уырдӕм, цӕуын райдыдтой фӕстӕдӕр. Ӕз кӕй нӕмттӕ загътон, уыдон дӕр куы бафӕрсат, уӕд арӕзт ӕрцӕудзӕн ацы цауты хронологи ӕмӕ фарстытӕ нал баззайдзӕн", — дзуры Коко.

Куыд райдыдтой ацы хабӕрттӕ

Коко дзуры, зӕгъгӕ, райсомӕй Цхинвалы айхъуыст, Тбилис кӕй цӕттӕ кӕны автобустӕ Цхинвалмӕ бацӕуынмӕ ӕмӕ уыцы бон горӕт уыд хъомпал.

Уыцы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны адӕмӕй чидӕртӕ ӕмбӕрстой, кӕй ӕввахс кӕнынц зын рӕстӕджытӕ ӕмӕ ныхмӕлӕудӕй аирвӕзӕн нӕй, уымӕ гӕсгӕ алыгъуызон амӕлттӕй ӕлхӕдтой хӕцӕнгарз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сусӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Советон Цӕдис уӕд нырма пырх нӕ уыд, ӕмӕ тӕссаг уыд ахӕстонмӕ бахауынӕй.

"Уый размӕ газет "Заря Востока"-йы ныммыхуыр кодтой, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕй хӕцӕнгарз кӕмӕ ис, уыдон номхыгъд. Ацы хабӕрттӕ цыдысты ирӕтты ныхмӕ национализмы уылӕнтыл. Бирӕ архивон ӕрмӕджытӕ, афтӕ ма гуырдзиаг фыдракӕндты ӕвдисӕнтӕ уыдысты ӕвӕрд Коцты Станиславы (РХИ компартийы разамонӕг) офисы, фӕлӕ фӕстӕдӕр цавӕрдӕр уавӕрты уыдон басыгъдысты", — дарддӕр кӕны йӕ ныхас Коко.

Йе ‘мбӕлттӕй иу — фӕсномыгӕй Пушкин, гуырдзиӕгтӕ Цхинвалмӕ ӕрбацӕуынц, уыцы хабар фехъусгӕйӕ, райста рупор ӕмӕ мотоциклыл цыд горӕты уынгтыл ӕмӕ фӕдзӕхста цӕрджыты. Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕд Хуссар Ирыстоны нырма бирӕтӕ хӕцыдысты гуырдзиӕгты фарс, сӕйраджыдӕр чиновниктӕ, кӕцытӕн раттой ныфсытӕ, кӕй бахъахъхъӕндзысты сӕ бынӕттӕ, алцыдӕр кӕй ацӕудзӕн сабыр.

Круглый стол в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ныххӕцыдысты кӕрӕдзи къухтыл ӕмӕ ӕрӕхгӕдтой фӕндаг

"Уый размӕ ам уагъд ӕрцыд тымбыл фынг, цы ран раныхас кодтой бирӕ активон архайджытӕ, уыдон нымӕцы "Адæмон Ныхас"-ы (хуссарирыстойнаг ӕхсӕнадон организаци) минӕвӕрттӕ ӕмӕ дзырдтой, гуырдзиӕгты ныхмӕ архайын кӕй ничи хъавы ӕмӕ сӕ кӕд фӕнды, уӕд ӕрбацӕуӕд ӕмӕ ауадзӕт сӕ митинг. Сӕрмагондӕй сын уый тыххӕй рахицӕн кодтой стадион дӕр", — мысы Коко.

Ӕмбисбонмӕ ӕввахс горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр рахызтысты уынгтӕм, лӕууыдысты дзыгуыртӕй, дзырдтой фӕстаг хабӕрттыл. Фӕстӕдӕр централон фӕзуатмӕ бацыдысты ССР Цӕдисы МХМ-ы мидӕфсад. Ӕмӕ та горӕтыл апарахат ног тауыс — гуырдзиӕгтӕ рахъуыды кодтой ӕмӕ нал цӕуынц Цхинвалы ‘рдӕм. Владимир у ӕнӕдызӕрдыг, ацы дам-дум кӕй ауагътой, гуырдзиӕгты фарс чи хӕцыд, уыдон, цӕмӕй адӕм апырх уой ӕмӕ ма хъыгдарой "сабыр митинг" уадзын.

Бацӕудзыстӕм тохы, ӕмӕ стӕй бакӕсдзыстӕм…

"Мах аскъуыддзаг кодтам уавӕртӕм гӕсгӕ архайын. Наполеонмӕ куыд у — "бацӕудзыстӕм тохы, ӕмӕ стӕй уыдзӕн бӕрӕг", — мысы уыцы бон Коко.

Уый йӕ цалдӕр ӕмгаримӕ — Бахъаты Руслан, Джуссойты Василий, Гӕбӕраты Виталий (Кирюх), Дзебысаты Зураб, Челдыты Георгий (Гелди), Дыгъуызты Геннадий (Тото), Козаты Ростик, Гобозты Гоча, ӕрӕмбырд сты Театралон фӕзуаты, цы ран арӕх ӕрвыстой сӕ сӕрибар рӕстӕг. Уыд боны дыууӕ сахатмӕ ӕввахс, ӕмбӕлттӕ аскъуыддзаг кодтой тӕрхондоны бӕстыхайы цурмӕ ацӕуын, фенын цы хабӕртӕ цӕуы, "уазджытӕ" кӕцӕй хъуамӕ ӕрбацыдаиккой, уыцы фарс.

"Бахъаты Русланы ныууагътам фӕзуаты ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхстам, цӕмӕй ма кӕд исчи ӕрбацӕуа, уӕд нӕм ӕрбамбал уа. Хидмӕ куы баввахс стӕм, уӕд нӕ цӕстыты раз лӕууыд дыууӕ уӕзласӕн машинӕйы, кӕцыты шофыртӕ нӕм фыццаг ӕрбацыдысты ӕххуысмӕ. Стратегион нывӕзт никӕмӕ уыд, фӕлӕ адӕм моралонӕй уыдысты цӕттӕ", — дзуры Коко.

© Из архива Василия ГаглоеваМингай гуырдзиаг националисттӕ Хуссар Иры столицӕйы бацӕуӕны
Толпа грузинских националистов у въезда в Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мингай гуырдзиаг националисттӕ Хуссар Иры столицӕйы бацӕуӕны

Ӕрыгон лӕппутӕ тӕрхондоны бӕстыхайы цур алӕууыдысты ӕрдӕгсахаты бӕрц ӕмӕ сфӕнд кодтой раздӕхын. Уыцы уысм фӕндагыл февзӕрдысты дыууӕ "Волга"-йы — урс ӕмӕ сау. Лӕппутӕ дарддӕр дӕр лӕууыдысты фӕндаджы астӕу.

Машинӕтӕ ӕрлӕууыдысты тӕккӕ дӕр сӕ разы. Иуӕй дзы рахызт гуырдзиаг инӕлар. Фӕстӕдӕр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уый уыд Гуырдзыстоны ССР МХМ-ы сӕргълӕууӕг Шота Георгадзе. Уый сдзырдта лӕппутӕм гуырдзиагау, уыдон ын сдзуапп кодтой уырыссагау. "Митинггӕнджыты" къорд нырма нӕ разынд ӕмӕ инӕлар бахатыд дыууӕ машинӕ ӕрбауадзын, цӕмӕй аныхас кӕна уӕды хуссарирыстойнаг къухдариуӕгадимӕ. Ныхасы рӕстӕджы дыккаг машинӕйӕ рахызт ноджы иу ӕфсӕддон — министры хӕдивӕг Варлам Шадури.

Ӕппынфӕстаг нӕлгоймӕгтӕ аскъуыддзаг кодтой горӕтмӕ дыууӕ гуырдзиаг чиновникы ӕрбауадзын, ома дыууӕйӕ стыр зиан нӕ ракӕндзысты. Машинӕйы бабадыны размӕ инӕлар азылд йӕ дӕлбармӕ ӕмӕ загъта: "ныртӕккӕ цы ′рцӕудзӕн, уый уыдзӕн дӕ аххос".

Рох хъайтар

Уӕдмӕ ӕрбаввахс сты автобустӕ дӕр. Баурӕдтой сӕ дӕрддзӕф, адӕм цыдысты фистӕгӕй. Уыимӕ иумӕ, цыма парадмӕ цыдысты, ахӕм конд уыдысты. Уыдон цыдысты сабыргай, цыма проспектыл тезгъо кодтой.

Уӕдмӕ дыууӕ уӕзласӕн машинӕты шофыртӕ сӕ машинӕтӕ баурӕдтой ӕввахсдӕр. Цалынмӕ къорд ӕввахс кодта, уӕдмӕ машинӕтӕ лӕууыдысты лӕппуты фӕстӕ.

"Къорд уыд тынг тасуадзӕг, уымӕ гӕсгӕ мах ахъуыды кодам, нӕхи цы амӕлттӕй бахъахъхъӕндзыстӕм бахъуыды рӕстӕджы. Стадионы ӕрӕмбырд кодтам арматурӕйы лыггӕгтӕ ӕмӕ сӕ бамбӕхстам фӕндаггӕрон. Бахъуыды рӕстӕджы сӕ искуыд спайда кодтаиккам. Уӕзласӕн машинӕтӕй иуы уыд агуиридуртӕ, Козаты Ростик схызт гуыффӕмӕ ӕмӕ цӕттӕ уыд дуртӕ знӕгтыл ӕхсынмӕ", — дзуры уый.

Уыцы рӕстӕджы ӕмгӕрттӕй иу загъта: кӕрӕдзи къухтыл ныххӕцӕм ӕмӕ фыдгӕнджыты раз ӕрлӕууӕм. Сӕ ныхмӕлӕуджытӕй сӕм иу сдзырдта: "чи стут сымах, цӕмӕй нӕ хъыгдарат нӕ горӕтмӕ бацӕуын?"

© Из архива Василия ГаглоеваМингай гуырдзиаг националисттӕ Хуссар Иры столицӕйы бацӕуӕны
События 1989г. в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мингай гуырдзиаг националисттӕ Хуссар Иры столицӕйы бацӕуӕны

Коко дзуры, зӕгъгӕ, гуырдзиӕгтӕ куы зыдтаиккой, нӕ фӕстӕ кӕй ничи ис, уӕд нӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ аскъуыдтӕ кодтаиккой… Уӕдмӕ ардӕм райдыдтой ӕмбырд кӕнын адӕм.

"Гуырдзиӕгтӕ фӕнд кодтой горӕтмӕ ӕнӕ уынӕрӕй бацӕуын, фӕлӕ уый куы ӕрцыдаид, уӕд никӕй бон ницы уыдаид саразын — Цхинвал февзӕрдаид знӕгты къухты. Фӕлӕ сын ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ нывӕзттӕ схӕццӕ кодтой. Мадзалы организатортӕ куы бамбӕрстой, ацы уавӕр кӕй ӕркӕндзӕн ӕргом ныхмӕлӕудмӕ, уӕд фӕтарстыты сӕхимӕ ахӕм бӕрндзинад райсын ӕмӕ дыккаг бон аздӕхтысты", — банысан кодта уый.

Уыцы цауты хайадисджытӕ, Кокойау, ныры онг дӕр не ′мбынынц, куыд сын бантыст тасуадзӕг къорд ӕрлӕууын кӕнын. Ис гӕнӕн ӕмӕ ам сӕйраг роль ахъазыд "ӕнӕнхъӕлӕджы эффект" — гуырдзиӕгтӕ нӕ уыдысты ӕнхъӕл ахӕм ныхдур фенын, чизоны тарстыты, хӕцӕнгарз кӕй ӕмбӕхсынц ӕмӕ сӕ кӕй райдайдзысты ӕхсын. Чизоны та хуымӕтӕгӕй гуырдзиӕгтӕ разындысты тӕппуд.

Хъуыддаг иууылдӕр зӕххы мидӕг ис

Коко, куыд бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ, у ӕнӕдызӕрдыг, гуырдзиӕгты кӕй хъуыд зӕхх, ирӕттӕ та ам уыдысты уӕлдайаг.

Эвакуация беженцев из сельских районов Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алексей Востриков: Ми-24 фехста гуырдзиаг танк ӕмӕ ӕвиппайды уавӕр фӕсабыр

Уый уӕды цаутӕ бары, Сирийы территорийыл цы цаутӕ цӕуы, уыдонимӕ ӕмӕ фидарӕй дзуры, Зӕххыл хӕстон архӕйдтытӕ иууылдӕр кӕй райдайынц ӕрмӕстдӕр территорийы тыххӕй.

Лӕппу ма разы нӕу уыимӕ дӕр ӕмӕ абон Хуссар Ирыстоны бирӕтӕ цӕттӕ кӕй сты "нӕ" зӕгъын ӕргъаг ӕнтыстӕн — нӕ паддзахаддзинадӕн. Дзуры, зӕгъгӕ, бирӕ нациты фӕнды нӕ бынаты февзӕрын.

"Америкӕ дӕр паддзахад у, ӕмӕ мах дӕр. Бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕййафӕм хъуагдзинад, мах нырма авдӕны стӕм, фӕлӕ ничи зоны бӕлвырд, цы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Чизоны мах кӕддӕр суӕм стыр паддзахад, кӕд дарддӕр дӕр нӕ фӕцудӕм ацы фӕндагӕй, уӕд", — нымайы Коко.

Ног хабӕртты лентӕ
0