Ныххӕцыдысты кӕрӕдзи къухтыл ӕмӕ ӕрӕхгӕдтой фӕндаг

© Sputnik / Мария Котаева Круглый стол в Цхинвале
Круглый стол в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕрымысыдысты ирон лӕппуты хъайтардзинад, кӕцытӕ 1989 азы 23 ноябры ӕрлӕууын кодтой гуырдзиаг националистты колоннӕ Цхинвалмӕ бацӕуӕны ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой бындур Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады сӕрыл тохӕн.

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы мысынц 27 азы размӕ ӕрцӕугӕ цаутӕ, уӕд гуырдзиаг националисттӕ "сабырадон митинг" ауадзыны ӕфсон бафӕлвӕрдтой ӕрбатонын Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ, фӕлӕ урӕд ӕрцыдысты горӕтмӕ бацӕуӕны.

День государственного флага Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры банысан кӕндзысты Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон

Цхинвайлаг лӕппуты армыдзаг къорд, кӕрӕдзи къухтыл ныххӕцгӕйӕ, слӕууыд удыгас рӕхысӕй хотыхджын къорды ныхмӕ. Сӕ фӕстӕ уыдысты хылыввонг адӕмӕй йедзаг 400 автобусӕй фылдӕр.

Уӕды цауты хайадисджытӕ ныр ӕрымысыдысты ацы цауты хронологи. Тымбыл фынг райдыдта документалон фильмы кадрты равдыстӕй. 1989 азы 23 ноябры Цхинвалмӕ бацӕуӕны ӕрӕмбырд сты горӕты цӕрджытӕ, цӕмӕй ма бауадзой горӕтмӕ гуырдзиаг хотыхджын адӕмы. Уыдонимӕ уыдысты Гуырдзыстоны компартийы минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ се ‘мыдзаг уыдысты националистон ӕнкъарӕнтӕй.

Ацы стыр тасуадзӕг къорды ныхмӕ ӕрлӕууыдысты дӕсмӕ ӕввахс ӕрыгон нӕлгоймаджы, кӕцытӕ кӕрӕдзи къухтыл ныххӕцгӕйӕ сарӕзтой удыгас рӕхыс, ӕрӕхгӕдтой фӕндаг ӕмӕ ӕрлӕууын кодтой бирӕминон колоннӕ.

"Мах лӕппутимӕ уыдыстӕм зӕронд хиды цур. Нӕ цурты рацыд зӕронд "шестерка", тыхст шофыр ӕрхӕцыд рудзынгыл ӕмӕ загъта, кӕй федта, Цхинвалмӕ кӕй ӕрбаввахс кӕны гуырдзиӕгты колоннӕ, кӕцыйӕн нӕ зыны йӕ кӕрон. Мах атагъд кодтам горӕтмӕ ӕрбацӕуӕны ӕрдӕм. Уым баййӕфтам цавӕрдӕр лӕппуты. Стадионӕй рафтыдтам ӕфсӕйнаджы лыггӕгтӕ — уыдон уыдысты нӕ "хӕцӕнгӕрзтӕ", — мысы уыцы лӕппутӕй иу Харебаты Ацӕмӕз.

"Удыгас рӕхысы" ӕндӕр хайадисӕг Джуссойты Василий асхоста гуырдзыстойнаг МХМ-ы инӕлар Шота Георгадзейы, кӕцы ӕнгом бацыд лӕппутӕм.

День мужества и народного единства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон Хуссар Иры уыдзӕн улӕфты бон

"Уый цыд комкоммӕ махмӕ, цыма нӕ уынгӕ дӕр нӕ кодта ӕмӕ ӕрлӕууыд нӕ разы. Ӕз ӕй атъӕпп кодтон. Уый загъта, Шота Георгадзе кӕй у инӕлар ӕмӕ йӕм кӕй ис бардзырд Цхинвалы сабырадон митинг ауадзыны фӕдыл. Бафарста, цӕй бындурыл ӕй нӕ уадзынц горӕтмӕ. Ӕз ын раттон дзуапп, зӕгъгӕ ӕз та дӕн Джуссойты Василий ӕмӕ иу къахдзӕф дӕр нӕ сараздӕн фӕстӕмӕ", — мысы уый.

Хуссарирыстойнаг парламенты экс-депутат Бестауты Балайы зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы цаутӕй чысыл раздӕр кӕй ӕрӕздӕхт ӕфсадӕй. Горӕтгӕрон цӕуӕг цауты тыххӕй фехъусгӕйӕ, уый йе ‘мбӕлттимӕ атагъд кодта гуырдзиаг колоннӕйы размӕ.

Цавӕрдӕр рӕстӕджы фӕстӕ рабӕрӕг, националистты колоннӕйӕн кӕй нӕ бантысдзӕн горӕтмӕ баивӕрзын ӕмӕ афтӕ хуыйнӕг сабырадон митинг ауадзын. Дыууӕ бон алӕууыдысты ӕмӕ аздӕхтысты, фӕлӕ ӕрыгон лӕппутӕ гарзджын къорды горӕтмӕ цы бон не ′рбауагътой, уыцы бон ссис хӕдбардзинады сӕрыл тохы райдиан.

Ног хабӕртты лентӕ
0