ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер боксӕй Тедеты Аликӕн 34 азы дӕргъы бантыст Ирыстоны ивгъуыд æмæ ныры профессионалон боксы дӕсгай стъалыты схъомыл кæнын.
Ӕвзонг лӕппу боксмæ ‘взыгъддзинад рахаста йæ фыд Зауырæй. Уый дæр архайдта рингыл, афтыд-иу ерыстæм дæр. Фæлæ кӕд стыр æнтыстытæ йæ къухы нæ бафтыд, уӕддӕр боксмӕ уарзондзинад цӕрӕнбонтӕм "бахӕцын кодта" йӕ фыртыл ӕмӕ уый ӕнувыдӕй ӕрывнӕлдта спорты ацы хуызы бӕрзӕндтӕ сӕттынмӕ. Ӕххуысгӕнӕг ын уыд, Аликы ныхӕстӕм гӕсгӕ, номдзыд тренер Дмитрий Дадиани.
"Цалынмæ Дадиани райдыдта архайын, уæдмæ Ирыстоны боксертæ нæ расгуыхт. Уый спортыл афтæ æнувыд уыд æмæ Цхинвалы, Военкоматмæ хæстæг сусæгæй æхсæвыгæдты самадта боксы скъола. Уыд иттӕг хорз тренер æмæ организатор. Дмитрий æрӕвæрдта боксæн бындур Цхинвалы. Уый фæцайдагъ кодта боксыл мах — фыццаг фæлтæрты дӕр. Уый фæстæ Ирыстонæй рацыд номдзыд боксертæ", — мысы Алик.
Алик ӕдзухдӕр куыста йӕхиуыл ӕмӕ расгуыхт рингыл — цыппар азы фæд-фæдыл уыд Гуырдзыстоны Советон республикæйы чемпион, Советон Цæдисы спорты мастер. 1982 азæй фæстæмæ та кусы тренерæй ӕмӕ уӕдӕй абоны онг иу ӕмӕ дыууӕ зындгонд боксеры нӕ рацыд йӕ къухтӕй.
Ирыстон сӕрыстыр кӕмӕй у, уыцы спортсменты Алик хъомыл кӕны аннӕ номдзыд тренер Сланты Виталийимӕ. Уыдонӕн иумӕйаг тыхтӕй бантыст схъомыл кӕнын профессионалон боксы ӕцӕг стъалыты — Гасситы Мурӕт, Козаты Хетæг æмæ Аслан, Зæгъойты Игорь.
"Виталийимæ кусæм иумæ. Æз спортсменты цайдагъ кæнын цæфты сериондзинадыл, Виталий та сын дæтты тых. Æмудæй куы архайæм, уæд райсæм боксы уæлахиздзауты. Ахæм у Гасситы Мурӕт, уый хуызæн боксертæ Ирыстоны истори нырма нæ зоны. Дунейы чемпионы ном Ирыстонæн фæзындзæн, уый Мурат аскъуыддзаг кæндзæн 3 декабры", — банысан кодта уый.
Ноджы ма ирон стъалыты иу къорд та, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фæзындзæн фæстæдæр. Уыдоны ныридӕгӕн тренертӕ цӕттӕ кӕнынц дунейы ӕмвӕзадмӕ рахизынмӕ.
"Ис нæм, стыр фидæн кæмæн ис, ахæм боксертæ — Хуыгаты Алан, Къæбысты Аслан, Хъазиты Роберт, Къæбысты Арсен, Джиоты Арсен æмæ Хетæг. Уыдон нæмттæ нырма фехъусдзыстут, мæ хъуыдымæ гæсгæ. Ирыстонæй нырмæ олимпиаг чемпион нæ уыд æмæ мæ бæллиц у нæ хъомылгæнинӕгты олимпиаг пьедесталыл фенын", — дзуры тренер.
"Фæлæ æппæт уыцы курдиаттæ æнæ тренерон куыстæй спорты стыр уæлахизтæм не ʻркæндзысты", — балхынцъ кодта уый.
Алик Хуссар Ирыстонмӕ кусынмӕ ӕрцыд бынтон ӕрӕджы — ацы аз сентябры. Уæдмæ уый фæсивæд æнтыстджынæй цæттæ кодта Дзæуджыхъæуы, клуб "Ариана"-йы. Тренерæн йæ ном хъуыстгонд кæй у, уымæ гæсгæ уайтагъддӕр йæ хъомылгæнинæгты нымæц бабирæ, ныридæгæн æм цæттæ кæны 15 спортсмены.
Йæ ног хъомылгæнинæгтæ, кæрæдзи дзыхæй сæ ныхас исынц, афтӕмæй æппæлынц сӕ тренерӕй ӕмӕ нымайынц, ахæм тренермæ кæй бахаудысты, уый сын стыр æнтыст кæй у.
"Сентябры æрцыд Хуссар Ирмæ æмæ райдыдта кусын "Олимп"-ы. Мах ӕм æрбацыдыстæм цæттæ кæнынмæ. Уæдæй нырмæ бирæ базыдтам ногæй, бирæ ног элементтыл фæцайдагъ стæм", — радзырдта ӕвзонг боксер Кокойты Эдуард.
Уымӕй дарддӕр ма Тедеты Алик аскъуыддзаг кодта иу стыр проблемӕ — йӕ хъомылгӕнинӕгтимӕ иумӕ сарӕзта республикӕйы иунӕг ринг тренировкӕтæн. Нырмӕ иу алкӕцы тренер дӕр хъаст кодта, кӕй сын нӕй ринг, фӕлӕ Алик та хъаст кӕныны бӕсты бавдӕлд ӕмӕ йӕ сарӕзта. Йӕ куысты ма йын ӕххуыс кæны æвзонг курдиатджын тренер Бестауты Чермен.
Фӕлӕ профессионалон рингыл Тедеты бинонты хсӕн иууыл стырдæр æнтыстытæ та бафтыд Аликы фырт Сосланы къухы — 22-аздзыд лæппу ныридӕгӕн баххæст кодта Ирыстоны номдзыд боксерты нæмттæ. Сослан йӕ карьерæйы ауагъта 15 тохы, уыдонæй 14-ӕй рахызт уæлахиздзауæй, 12 ныхмӕлӕуд та ахицӕн кодта нокаутӕй.
Тедеты Сослан у дунейы чемпион профессионалон боксы фæсивæды хсæн 63,5 кг уæзы IBF (International boxing federation)-ы версимæ гæсгæ. Архайы промоутерон компани "Урал Бокс Промоушэн"-ы æххуысæй.
"Сосик бынтон сабийæ бауарзта бокс. Цалынмæ секцимæ бацыд, уæдмæ дæр иу голджытыл балæууыд æмӕ иу уыдон хоста. Фыдуаг нæ, фæлæ къæбæда сывæллон уыд. Дыууæ хатты йæ расырдтой скъолайӕ — азымджын иу бæргæ нæ уыд, фӕлӕ иу йе ‘мгӕртты сæрыл рахæцыд ӕмӕ иу хистæркъласонты ныддæрæн кодта. Ӕмӕ та иу сырды баййӕфта скъолайӕ. Уый фӕстӕ йӕ бакодтон секцимӕ — уадз мӕ зӕгъын рингыл хыл кӕна", — мысы йæ фырты фыццаг къахдзӕфтӕ тренер.
Sputnik уацхӕссӕгӕн нӕ бантыст Сослӕнӕн йӕхиимӕ аныхас кӕнын — уый ӕдзухдӕр ис тренировкӕты кӕнӕ сборты ӕмӕ йын иу уысм дӕр сӕрибар рӕстӕг нӕй.