Дзӕуджыхъӕуы журналисттӕ ӕххӕстбарджын минӕвары фӕстӕ тындзгӕйӕ бахаудысты аварийы

© Sputnik / Елена ЧеренковаАвария во Владикавказе
Авария во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Журналисттӕ тагъд кодтой Цӕгат Ирыстоны Хицауады хӕдзармӕ УФ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгаткавказаг федералон зылды Олег Белавенцевимӕ фембӕлдмӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik, Болататы Алина. Дзӕуджыхъӕуы журналисттимӕ автобус чиновникты кортежы фӕстӕ тындзгӕйӕ сӕмбӕлд рог машинӕйыл.

Битаров И Беловенцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦКФЗ-ы президенты ӕххӕстбарджын минӕвар фыццаг хатт ӕрцыд Цӕгат Ирмӕ

Журналисттимӕ автобус тагъд кодта Цӕгат Ирыстоны Хицауады хӕдзармӕ УФ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгаткавказаг федералон зылды Олег Белавенцевимӕ фембӕлдмӕ.

Дыууӕ уацхӕссӕджы сӕхи тынг ныццавтой, журналисттӕй иуы бахъуыд медицинон ӕххуыс.

Цауы тыххӕй базонгӕйӕ, хицауадӕй ӕрбарвыстой дыууӕ автомашинӕ, кӕцытыл уыдон фӕхӕццӕ сты ӕмбырды бынатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0