РХИ дипломаттӕ хайад райстой равдыст "Сири – хӕдбардзинады 70 азы" ӕрбайгомы

© Пресс-служба посольства РЮО в РФАфиша выставки "Сирия - 70 лет независимости"
Афиша выставки Сирия - 70 лет независимости - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдысты официалон ӕрбайгомы, кӕцы уагъд ӕрцыд Мӕскуыйаг адӕмыхӕттыты хӕдзары, хайад райстой дипломатон корпусы минӕвӕрттӕ, Федерацийы советы уӕнгтӕ ӕмӕ УФ Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, ахуыргӕндтӕ, культурӕ ӕмӕ аивады архайджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Республикӕ Хуссар Ирыстоны минӕварад УФ-йы хайад райста аивадон равдыст "Сири — хӕдбардзинады 70 азы"-йы ӕрбайгомы церемонийы, фехъусын кодтой Sputnik дипмиссийы пресс-службӕйы.

Равдысты организатортӕ сты Мӕскуыйы хицауады цур Адӕмыхӕттыты фӕдыл советы националон-культурон ӕмӕ этнокультурон размӕцыды фӕдыл къамис ӕмӕ регионалон ӕхсӕнадон организаци "Арабская диаспора", ӕхсӕнадӕмон проект "Терроризм — угроза цивилизации"-йы оргкомитет, хӕрзаудӕн фонд "РУССАР", Уырыссаг Центр "Иерусалим" ӕмӕ Ӕхсӕнадон дипломатийы фонды ӕххуысӕй.

Владимир Гобозов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывгӕнӕг Гобозты Владимир: Европӕ уарзы Кавказы

Равдыстмӕ рахаст ӕрцыдысты зындгонд сириаг ӕмӕ уӕрӕсейаг нывгӕнджыты куыстытӕ, гобелентӕ, къамтӕ ӕмӕ ӕрмдӕсниады ӕрмӕджытӕ, кӕцытӕ арӕзт ӕрцыдысты Сириаг арабаг республикӕйы сабыр размӕцыды дуджы.

Культурӕйы фарстыты фӕдыл РХИ минӕварады атташе Владимир Сергеев раарфӕ кодта Сириаг Арабаг Республикӕйы делегацийӕн минӕвар Риад Хаддады сӕргълӕудӕй ӕмӕ равдыста ӕххӕстбӕрц разыдзинад сириаг адӕмимӕ, аивады иугӕнӕг роль бахахх гӕнгӕйӕ, йӕ цӕст сириаг адӕмӕн бауарзта сабырад, фарн ӕмӕ дидинӕфтыд аивады номыл.

Равдысты официалон ӕрбайгомы, кӕцы уагъд ӕрцыд Мӕскуыйаг адӕмыхӕттыты хӕдзары, райстой хайад дипломатон корпусы минӕвӕрттӕ, Федерацийы советы уӕнгтӕ ӕмӕ УФ Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, ахуыргӕндтӕ, культурӕ ӕмӕ аивады архайджытӕ.

Ӕхсӕнадӕмон проекты оргкомитет ма фӕхуыдта Хуссар Ирыстоны минӕварады райсын хайад форум "Проблемы сохранения и защиты культурного наследия Сирии и стран Ближнего Востока на современном этапе" куысты, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн 1 декабры Мӕскуыйаг адӕмыхӕттыты хӕдзары Уӕрӕсейы дипломаттӕ, политологтӕ, историктӕ, археологтӕ, скӕсӕнзонджытӕ, политиктӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджыты хайадистӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0