Рæстдинон армукъа "Чырыстон Ирыстон" байгом Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæПравославная рождественская ярмарка открылась в Калининграде
Православная рождественская ярмарка открылась в Калининграде - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕрджытӕн фадат ис канд чырыстон динимæ баст дзаума кæнæ хойраг балхæнын нæ, фæлæ ма Уæрæсейы цыфæнды аргъуанмæ арвитын фыстæг, цæмæй уым сæ номыл скувой Хуыцаумӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы байгом рӕстдинон армукъа "Чырыстон Ирыстон", цыран балхæнæн ис динон литературæ, уазнывтӕ, къухæй конд нывæфтыдтæ Уæрæсейы аргъуантæ æмæ кувæндæтæй, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Каменный крест в Морах - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: чырыстон дин райстимӕ Алани бацыд раззагондӕр паддзахӕдты скондмӕ

"Армукъа байгом кадджын уавæры, ном ссаргæйæ. Ардӕм ӕрбацыдысты дины кусджытæ æмæ республикæйы хицауады уæнгтæ. Мадзалы хайадисджытӕ фыццаджыдӕр ссардтой Сыгъдæг Джиуæрджийы — уымӕн ацы къуыри Ирыстоны нысан кӕнынц йӕ кувӕн бонтӕ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Афтӕ ма армукъамӕ Уæрæсейы алы регионты аргъуантæ æмæ кувæндæтæй æрластой сӕхи продукци. Цӕгат Ирыстоны Æрыдоны хъӕуы аргъуаны кусджытæ та сластой цæхджынтæ æмæ адджинæгтæ — сӕ уӕй кӕнынӕй цы æхцайы фæрæзтӕ æрӕмбырд кæной, уыдон хардз æрцæудзысты сӕ аргъуаны цалцæгыл.

Уымӕй дарддӕр ма мадзалы фӕлгӕтты цӕрджытӕн фадат ис канд чырыстон динимæ баст дзаума кæнæ хойраг балхæнын нæ, фæлæ ма Уæрæсейы цыфæнды аргъуанмæ арвитын фыстæг, цæмæй уым сæ номыл скувой Хуыцаумӕ.

Армукъа "Чырыстон Ирыстон" йӕ куыст адарддӕр кӕндзӕн 30-æм ноябрьмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0