Тыбылты Леонид ӕрдзырдта Олег Говорунимӕ 2016 азы Инвестпрограммӕйыл

© Sputnik / Мария КотаеваЛеонид Тибилов и Олег Говорун
Леонид Тибилов и Олег Говорун - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Олег Говорун ӕрцыд Цхинвалмӕ дыууӕбонон кусӕгон визитимӕ цыппӕрӕмы, цӕмӕй бабӕрӕг кӕна, 2016 азы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты цы объекттӕ арӕзт цӕуынц ӕмӕ кӕцыты арӕзтад хъуамӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уа ацы азы кӕрон, уыдон.

ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕзтадон куыстыты гъӕд ацы аз бӕрӕг фӕхуыздӕр раздӕры ӕзтимӕ абаргӕйӕ, загъта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы сæргълæууæг Олег Говорун республикӕйы президент Тыбылты Леонидимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Встреча Л.Тибилова и Л.Кузнецова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кузнецов радзырдта президентӕн Цхинвалы арӕзтадон объекттыл фенгӕ уавӕры тыххӕй

Олег Говорун ӕрцыд Цхинвалмӕ дыууӕбонон кусӕгон визитимӕ цыппӕрӕмы. Уый фӕнд кӕны бабӕрӕг кӕнын, 2016 азы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты цы объекттӕ арӕзт цӕуынц ӕмӕ кӕцыты арӕзтад хъуамӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уа ацы азы кӕрон, уыдон.

"Развӕлгъау фӕстиуджытӕ аразгӕйӕ, зӕгъӕн ис, мах кӕй фӕхӕццӕ кӕнӕм кӕронмӕ тынг ныфсджынӕй, аразджыты гъӕд бӕрӕг фӕхуыздӕр, нӕ бадзырдон ӕмахастыты размӕцыд уынӕм. Махӕн уыдзӕн стыр ӕнтыстытӕ", — банысан кодта уӕрӕсейаг президентон администрацийы минӕвар.

Тыбылты Леонид банысан кодта, "Инвестпрограммӕйы реализаци кӕй цӕуы ӕнтыстджынӕй ӕмӕ йӕ кӕй фӕнд кӕнӕм балхынцъ кӕнын бӕрзонд ӕмвӕзадыл".

Фембӕлд адарддӕр ис ӕхгӕд дуӕртты фӕстӕ ӕнӕ журналисттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0