Тыбылты Леонид фехъусын кодта, кӕй цӕуы дыккаг президентон ӕмгъуыдмæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент РЮО Леонид Тибилов
Президент РЮО Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент фæсивæдимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта, ӕрбалæугæ уалдзæджы кæй райсдзæн хайад президентон æвзæрстыты.

ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид фехъусын кодта, хайад кæй райсдзæн 2017 азы президентон æвзæрстыты.

Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэр нӕ раразмӕ кӕндзӕн йӕ кандидатурӕ президентон ӕвзӕрстыты

Ахæм хъусинаг уый сарæзта фæсивæдон организациты минæвæрттимæ фембæлды рӕстӕджы Цхинвалы.

"Фæстаг фондз азы нæ куысты фæстиуджытæ бар дæттынц республикæйы къухдариуæгадæн, сæрмагондæй ныры президентæн бацæуын 2017 азы президентон æвзæрстытæм", —хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Тыбылты Леонид бафиппайдта, йæ зæрдæ кæй дары адæмы ӕууæнкыл æмæ æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй сæ ныфсытæ ма фæмæнг уой.

"Мах ныфсджынæй цæуæм ацы æвзæрстытæм, уымæн æмæ нын ис цы зæгъæм, уый æмæ мæ ныфс ис, мæ алыварс цы фæсивæд ис, уыдон мæ фарсмæ кæй балæудзысты", — банысан кодта президент.

Президентон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны ацæудзысты 2017 азы. Хъæлæсæппæрсты бæлвырд датæ нырма бæрæг нæу.

Ног хабӕртты лентӕ
0