Тыбылты Леонид фехъусын кодта ПӔК-ӕн йӕ хӕстӕ президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы

© Пресс-служба Президента РЮОТыбылты Леонид ӕмӕ Виктор Шаргаев
Тыбылты Леонид  ӕмӕ Виктор Шаргаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ПӔК сӕргълӕууӕг фехъусын кодта Тыбылты Леонидӕн, республикӕйы арӕзт кӕй цӕуынц ӕппӕт уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕуой сабырӕй, демократон нормӕтӕн дзуапп дӕтгӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты цӕттӕ кӕныны ӕмӕ ауадзыны рӕстӕджы Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) дзуапп дӕтдзӕн республикӕ стабилондзинадӕй сифтонг кӕныны фарстытӕн. Уый тыххӕй дзырд цыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид ӕмӕ ПӔК сӕргълӕууӕг Шаргаев Викторы фембӕлды рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Президент РЮО Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид фехъусын кодта, кӕй цӕуы дыккаг президентон ӕмгъуыдмæ

Тыбылты Леонид банысан кодта, республикӕ кӕй ис президентон ӕвзӕрстыты къӕсӕрыл ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты хӕс у, цӕмӕй хъӕлӕсӕппӕрст уагъд ӕрцӕуа бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

"Махмӕ ис куырыхон адӕм ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, кӕй рахӕсдзысты раст скъуыддзаг. Махӕн та нӕ хӕс у, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм сабырад ӕмӕ стабилондзинад нӕ адӕмы, паддзахады сӕраппонд. Ӕмӕ уын уӕ разы цы хӕстӕ ӕвӕрын, уыдон дӕр хауынц уырдӕм — бӕстӕйы къухдариуӕгад цы паддзахадон хахх равзӕрста, уый дарддӕр кӕнын", — загъта президент.

ПӔК сӕргълӕууӕг фехъусын кодта Тыбылты Леонидӕн, республикӕйы уавӕр иумӕйагӕй кӕй у сабыр ӕмӕ ӕхсӕнадон-политикон уавӕр фендыгъ кӕнынӕн кӕй нӕй разӕууӕлтӕ.

"Разы дӕн, ӕвзӕрстытӕ кӕй хъуамӕ ацӕуой сабырӕй, демократон нормӕтӕн дзуапп дӕтгӕйӕ. Уый тыххӕй арӕзт цӕуынц ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уавӕртӕ дӕр. Ӕдасдзинады комитет ӕххӕстбӕрцӕй кусы йӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ скъуыддзаг кӕныныл ӕмӕ нӕ аивдзӕн йӕ архайды курс", — банысан кодта Шаргаев.

Президентон ӕвзӕрстытӕ Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты 2017 азы, уалдзӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0