Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстытӕ гӕнӕн ис ӕмӕ ацӕуой 9 апрелы

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæВыборы президента Южной Осетии
Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты спикер Бибылты Анатолий цы барастгӕнинӕгтӕ банхъардта, уыдонмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстытӕ ис гӕнӕн ӕмӕ ацӕуой иннӕ азы апрелы дыккаг хуыцаубоны, уымӕн ӕмӕ растдӕр ацы мӕй фондз азы размӕ уагъд ӕрцыд ӕвзӕрстыты дыккаг тур.

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент райдыдта кусын президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл законмӕ барастгӕнинӕгтыл, паддзахады сӕргълӕууӕджы радон ӕвзӕрстыты ӕмгъуыд снысан кӕныны рӕстӕджы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр верситӕй хи бахизыны нысанӕн. Ӕмбӕлон законы проект ис закондзинад, закондӕттынад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл комитеты разамонӕджы ӕркасты, фехъусын кодта Sputnik профилон комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Олеся.

"Ӕвзӕрстыты датӕ снысан кӕныны фӕдыл скъуыддзаг исы парламенты. Республикӕйы парламенты сӕргълӕууӕг бахаста президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл законыпроект, кӕцы у здӕхт хъӕлӕсӕппӕрст ауадзыны ӕмгъуыд сбӕлвырд кӕнынмӕ. Ӕрбавдисгӕ ивындзинӕдтӕ максималон дырысӕй нысан кӕнынц президентон ӕвзӕрстыты ӕмгъуыд ӕмӕ фидар кӕнынц рӕстӕджы фӕлгӕттӕ", — загъта комитеты сӕргълӕууӕг.

Ног ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ, датӕ сбӕлдвырд кӕныны хъуыддаджы рӕстӕг нымад цӕудзӕн раздӕры президентон ӕвзӕрстыты дыккаг турӕй — паддзахады сӕргълӕууӕг ӕлхынцъонӕй равзӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй.

Тыбылты Леонид  ӕмӕ Виктор Шаргаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид фехъусын кодта ПӔК-ӕн йӕ хӕстӕ президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы

"Уӕд, фыццаг туры хатдзӕгтӕ уыдысты ӕхсӕйнаг. Ӕмӕ президентон ӕвзӕрстыты датӕ снысан кӕныны рӕстӕджы хъуамӕ равзӕрст ӕрцӕуа хъӕлӕскӕныны бон нӕ, фӕлӕ ӕвзӕрстыты бон, ома президент равзӕрст куы ӕрцыд", — банысан кодта Коцты Олеся.

Уымӕ гӕсгӕ, Бибылты Анатолий куыд банхъардта, афтӕмӕй хъӕлӕскӕнынады бон хъуамӕ уа апрелы дыккаг хуыцаубон — 9 апрелы.
Ацы законыпроектмӕ уӕлӕмхсӕй ӕркӕсдзысты парламенты сесси, президиум ӕмӕ комитеты рабадты рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0