Парламенты президиум сразы ис ӕвзӕрстыты ӕмхӕццӕ системӕмӕ рахызтыл

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæЗдание парламента Республики Южная Осетия в Цхинвале
Здание парламента Республики Южная Осетия в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатон ӕвзӕрстыты ӕмхӕццӕ системӕмӕ рахызты фӕдыл ӕлхынцъон скъуыддзаг райст ӕрцӕудзӕн парламенты радон сессийы.

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиумы уӕнгтӕ дыццӕджы хорзыл банымадтой Конституцимӕ барастгӕнинӕгтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ депутатон ӕвзӕрстытӕ хъуамӕ уагъд цӕуой ӕмхӕццӕ системӕмӕ гӕсгӕ.

Амӕй размӕ президент парламентмӕ цы законыпроект барвыста, уый депутаттӕм ӕрбавдыста Закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты разамонӕг Коцты Олеся.

"Хуссар Ирыстоны Конституцийы 57-ӕм статьямӕ барастгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ депутатон ӕвзӕрстытӕ уагъд цӕудзысты мажоритарон-пропорционалон системӕйыл. Ныртӕккӕ цы пропорционалон равзӕрстон системӕ архайы, уый халы адӕймаджы бартӕ. Уымӕн ӕмӕ нӕ дӕтты фадат ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты искӕцы политикон партийы сконды, депутаттӕм кандидатӕй хайад исын парламентон ӕвзӕрстыты", — загъта Коцты Олеся.

Уыимӕ иумӕ уый банысан кодта, кӕй хъӕуы хынцын политикон партиты тых.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спикер: ног æрсидты парламент æвзæрст цæудзæн ӕмхӕццӕ системæмæ гæсгæ

Депутаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, барастгӕнинӕгты фӕдыл уынаффӕтты рӕстӕджы-иу фӕзынд быцæудзинæдтæ депутатон корпусы процентон ӕмахасты. Оптималоныл нымад ӕрцыд, президент цы пропорци ӕрбавдыста, уый — 17 депутаты политикон партиты минӕвӕрттӕ ӕмӕ 17 депутаты та иумандатон ӕвзӕрстон зылдтӕй.

Уынаффӕты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, комитеты уӕнгтӕ схъӕлӕс кодтой, цӕмӕй фарст бахӕссой парламенты ӕввахсдӕр рабадты боныфӕткмӕ, цы ран райсдзысты ӕлхынцъон скъуыддзаг.

Фарон декабры президент Тыбылты Леонид бахаста фӕндон депутатон ӕвзӕрстыты ӕмхӕццӕ системӕмӕ рахизын, банысан кодта, зӕгъгӕ, уый арӕзт ӕрцыд ахӕм нысанӕн ӕмӕ депутаттӕм кандидатты ӕхсӕн ӕвзарджытӕн фӕзындзӕн уӕрӕхдӕр равзӕрст политикон партиты уӕвынадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0