Дзӕуджыхъӕуӕн радтой ӕхца сейсмологон ӕгъдауӕй фидар хӕдзӕртты арӕзтадӕн

© Sputnik / Александр Уткин /  Ахизын медиабанкмæРегионы России. Республика Северная Осетия - Алания
Регионы России. Республика Северная Осетия - Алания - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Иры арӕзт цӕуынц фондз фарастуӕладзыгон хӕдзары 395 фатерӕн, уыдон цӕттӕ сты 50 проценты бӕрц, рахицӕнгонд ӕхцаимӕ сын бантысдзӕн саразын 2017 азы ӕмбисмӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Болататы Алина. Цӕгат Ирыстон райста федералон фӕрӕзтӕ цӕрӕнуат ӕмӕ спортивон объектты арӕзтад балхынцъ кӕнынӕн, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлбарон категорийы ӕмбӕстӕгтӕ райсдзысты ног фатертӕ

Ӕдӕппӕт Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийӕн федералон бюджетӕй рахицӕн кодтой 349 млн 016,9 мин сомы бӕрц дотаци, ахӕм скъуыддзаг райст ӕрцыд УФ хицауады ӕмбырды рӕстӕджы.

Суммӕйы нысанӕвӕрд у капиталон объектты арӕзтад, кӕцыты финанскӕнынад цыд федералон программӕйы фӕлгӕтты.

Ацы программӕмӕ гӕсгӕ Дзӕуджыхъӕуы арӕзт цӕуы фондз фарастуӕладзыгон хӕдзары 395 фатерӕн.

"Фатертӕ дихгонд ӕрцӕудзысты ахӕм хӕдзӕртты цӕрджытыл, кӕцыты экономикон ӕгъдауӕй нӕй фадат зӕххӕнкъуыстӕн фидар саразын, науӕд та уыдоны реконструкци ауадзын. Ног хӕдзӕрттӕ сты цӕттӕ 50 проценты бӕрц. Сӕ арӕзтад балхынцъ кӕнынӕн хъӕуы 234 млн 466,5 сомы бӕрц", — фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

Дотациты иу хай та хардз ӕрцӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы тхэквондойы спорты галуаны арӕзтадыл. Ам та нывӕзтгонд куыстытӕ сӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы ноджы 114 млн 550,4 мин сомы. Хъусинаджы дзырдӕуы, спорты галуан кӕй уыдзӕн бирӕфункционалон, уым сӕхи цӕттӕ кӕндзысты ӕрмӕст скӕсӕйнаг нӕ, фӕлӕ ма спорты ӕндӕр хуызты уарзджытӕ дӕр.

Здания города - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэрия: хӕдзӕрттӕ райсдзысты ӕцӕг хъуагдзинад ӕййафӕг адӕм

РЦИ-Аланийы арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Икъаты Русланбег куыд банысан кодта, афтӕмӕй объектты арӕзтад хъуамӕ балхынцъ уа 2017 азы ӕмбисмӕ.

Цӕгат Ирыстоны Хицауады сӕрдар Тускъаты Таймураз зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, банысангонд ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕй баздӕхтой федералон бюджетмӕ, республикӕ сӕ 2014 азы рӕстӕгыл кӕй не ′спайда кодта, уый тыххӕй.

"Программӕйы актуалондзинад хынцгӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн уыд цалдӕр фембӕлды федералон министртӕ, хицауады сӕрдары хӕдивджытӕ Александр Хлопонин ӕмӕ Дмитрий Козакимӕ. Сӕйраг уый у ӕмӕ нын кӕй бантыст ацы федералон хицауады бардзырд. Уый у стыр уӕлахиз, ахадгӕ къахдзӕф республикӕйы социалон райрӕзты фӕндагыл", — банысан кодта Тускъаты Таймураз.

Цӕгат Ирыстон бацыд банысангонд федералон программӕйы скондмӕ уымӕн ӕмӕ республикӕйы столицӕ у ӕвӕрд зӕххӕнкъуыстытӕй тӕссаг территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0