Цхинвалы цӕрӕджы фӕнадтой Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæБойцы Омона
Бойцы Омона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны МХМ-ы сӕргълӕууӕг загъта, ивгъуыд хуыцаубоны Цхинвалы цӕрӕджы кӕй фӕнадтой милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ, кӕцытӕ ивгъуыд хуыцаубоны фӕнадтой Цхинвалы цӕрӕджы, разындысты милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (ОМОН) ӕртӕ кусӕджы, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар.

Гостиница Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æбӕрӕг гоймӕгтӕ Цхинвалы бон-сихорафон фыднад фӕкодтой æвзонг лæппуйы

Уазӕгдон "Алан"-ы ныхмӕ хуыцаубоны фыднад фӕкодтой горӕты 21-аздзыд цӕрӕджы. Зианбаййафӕг райста сæргæхц-магъзы ӕмӕ цӕсгомы цӕфтӕ. Медиктӕ сбӕлвырд кодтой сӕрымагъзы ӕнкъуыст. Уый рафыстой рынчындонӕй цауы дыккаг бон.

Амӕй размӕ МХМ-ы фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, бӕлвырд не ′рцыдысты ӕрыгон лӕппуйы чи фӕнадтой, уыцы гоймӕгтӕ. Фӕстӕдӕр социалон хызӕгты апарахат цӕстдарӕн камерӕйыл ист видео. Пайдагӕнджытӕ фидарӕй дзырдтой, ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ кӕй разындысты ОМОН-ы кусджытӕ.

"Уыдон ӕцӕгӕйдӕр разындысты Хуссар Ирыстоны Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ. Ӕрмӕджытӕ иууылдӕр лӕвӕрд ӕрцыдысты генералон прокуратурӕмӕ, кӕцы кусы инциденты ӕууӕлтӕ сбӕлвырд кӕныныл. Басгӕрсты рӕстӕджы мах скъуыддзаг кӕндзыстӕм ацы кусджыты хъысмӕт", — загъта министр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хылы рӕстӕджы фыццаг цӕф сарӕзта зианбаййафӕг. Уый дырысӕй зыны социалон хызӕгты апарахатгонд видеойыл дӕр.

Прокуратурӕйы Sputnik фехъусын кодтой, ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕрмӕджытӕ уагдонмӕ кӕй бацыдысты нырма абон ӕмӕ басгӕрсты фӕстиуджытыл нырма раджы у исты дзурын.

Ног хабӕртты лентӕ
0