Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры рахызтысты егъау быдырон ахуыртӕм

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæБатальонные тактические учения ЮВО
Батальонные тактические учения ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕххон полигон "Дзарцъем"-ы ахуырты хайад исынц 1,5 мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ 500 иуӕджы онг та хӕстон машинӕтӕ, танкӕтӕ ӕмӕ хӕддзӕугӕ артиллерион ӕвӕрдтӕ, хъусын кӕны ХӔЗ.

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейаг базӕйы 1,5 мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр 500 хӕстон машинӕйыл рахызтысты быдырон ахуыртӕм, фехъусын кодта Хуссар ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) пресс-службӕ къуырисӕры.

Военные учения ЮВО на Северном Кавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфсӕддон ахуырты интенсивондзинад Хуссар Иры базӕйы фӕфылдӕр дыууӕ хатты

"Ахуырты хайад исынц 1,5 мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ 500 иуӕджы онг та хӕстон машинӕтӕ, танкӕтӕ ӕмӕ хӕддзӕугӕ артиллерион ӕвӕрдтӕ. Мотоӕхсӕн, танкон ӕмӕ артиллерион дӕлхайӕдтӕ бӕрзонддӕр кӕнын сӕ фӕлтӕрддзинад ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ эксплуатаци кӕныны хъуыддаджы, кусынц хӕххон уавӕрты тох уадзыны раззагондӕр мадзӕлттыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ хӕххон полигон "Дзарцъем"-ы командирты къухдариуӕджы бын ӕфсӕддонтӕ "цыргъ кӕнынц сӕ дӕсниад арӕхстджын тох уадзыны хъуыддаджы танкӕтӕ Т-72БМ, ӕфсӕддон машинӕтӕ БМП-2 ӕмӕ —3, артиллерион ӕвӕрдтӕ "Акация" ӕмӕ "Гвоздика", афтӕ ма ӕнӕпилонон тӕхӕн аппараттӕй пайдагӕнгӕйӕ. Ахуыртӕ уагъд цӕуынц ӕхсӕвӕй-бонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0