Хуссар Иры райдыдта фӕззыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ

© Пресс-служба МОВесенний призыв
Весенний призыв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон-медицинон къамис цы фӕсивӕд рацыд, уыдон сифтонг кӕндзысты хӕлцӕй ӕмӕ сӕ арвитдзысты Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон комплексмӕ, цыран иу мӕйы дӕргъы цӕудзысты ӕфсӕддон цӕттӕдзинад ӕвзонг хӕстоны курсы программӕмӕ гӕсгӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдта фӕсивӕды фӕззыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ. Развӕлгъау уал сидтонтӕ хъуамӕ рацӕуой ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг процедурӕтӕ, уый фӕстӕ сӕ акӕндзысты Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон комплексмӕ, загътой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

Фӕззыгон ӕрсидтон кампани расидтӕуыд 2016 азы ноябрь-декабры ӕмбӕстӕгты ӕмгъуыдон ӕфсӕддон службӕмӕ ӕрсидыны тыххӕй президенты барамындмӕ гӕсгӕ.

"Республикӕйы ӕфсӕддон комиссариаттӕ сӕ бӕрндзинады зонӕты сидынц 18-27-аздзыд фӕсивӕдмӕ, кӕцытӕн нӕй ӕмгъуыд аргъӕвдтӕ ‘фсӕддон службӕмӕ ӕрсидтӕй", — загътой Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Фыццаджыдӕр сидтонтӕ рацӕуынц медицинон басгӕрст. Кӕд уыдонмӕ разыны исты низ, уӕд сын лӕвӕрд цӕуы ӕмгъуыд схос кӕнынӕн. Ацы сидтонтӕ ногӕй ӕфсӕддон-медицинон къамис рацӕудзысты уалдзыгон ӕрсидты рӕстӕджы.

Курсанты, поступившие в вузы РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад фӕнд кӕны ӕфсӕддон службӕйы ӕмгъуыд фӕкъаддӕр кӕнын

Ӕфсӕддон-медицинон къамис цы фӕсивӕд рацыд, уыдон сифтонг кӕндзысты хӕлцӕй ӕмӕ сӕ арвитдзысты Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон комплексмӕ, цыран иу мӕйы дӕргъы цӕудзысты ӕфсӕддон цӕттӕдзинад ӕвзонг хӕстоны курсы программӕмӕ гӕсгӕ.

"Ахуырадон центры сидтонтӕн арӕзт ӕрцыд алы уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй сӕ ‘нтыстджынӕй бацӕттӕ кӕной ӕмгъуыдон службӕмӕ. Организаци сын ӕрцыд политикон-хъомыладон ӕмӕ культурон-хиирхӕфсӕн программӕтӕ. Фидар ӕрцыд хӕстон цӕттӕдзинады нывӕзт дӕр", — радзырдтой ведомствӕйы.

Афтӕ ма министрады банысан кодтой, ӕрсидтӕй йӕхи чи иуварс кӕны, уыдон ӕрсидтон пункттӕм ӕрбакӕнынмӕ ӕрбаиу кӕндзысты Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджыты.

Республикӕйы гарзджын тыхты ӕфсады службӕйы ӕмгъуыд у иу аз ӕмӕ ӕрдӕг. Ноябры РХИ хицауад хорзыл банымадта "Ӕфсӕддон хӕсӕвӕрд ӕмӕ ӕфсӕддон службӕйы фӕдыл" законмӕ барастгӕнинӕгтӕ. Законыпроект ӕрвыст ӕрцыд парламентмӕ дарддӕры ӕркасты тыххӕй ӕмӕ йӕ кӕд депутаттӕ сфидар кӕной, уӕд ӕфсӕддон службӕйы ӕмгъуыд 1,5 азы бӕсты суыдзӕн иу аз.

Ног хабӕртты лентӕ
0