ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт рауагътой æфсæддон билеттæ республикæйы паддзахадон символикæимæ. Ног хуызӕджы документтæ фыццаг рады ратдзысты фæззыгон æрсидтонтæн, загътой Sputnik Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.


Ныры онг Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æфсæддон службæ чи рацыд, уыдон истой рæстæгмæ документ, кæцыйæн йе ʻмгъуыд иу азы фæстæ хъуыд адарддæр кæнын.
"Хъахъхъæнынады министрады Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты историйы фыццаг хатт сцæттæ кодтой æфсæддон билеттæ. Ног гæххæттытæ сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон символикæимæ. Уæлфысттæ ‘ххæст сты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл", — банысан кодтой уагдоны.
Пресс-службæйы ма бафиппайдтой, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæрæсейы хъахъхъæнынады министрæдты хсæн бадзырд бафыссыны фæстæ æфсæддон билеттæ нымад кӕй цæудзысты Уæрæсейы территорийыл. Ног хуызӕджы документтæ фыццаг рады ратдзысты фæззыгон æрсидтонтæн, уый фæстæ та æппæт æфсæддонтæн дæр, кæцытæ службæ кодтой Хуссар Ирыстоны æфсады.