ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Наниты хъӕуы цӕрӕг Томайты Вадимӕн йӕ ныккӕндтӕ сты сӕ тӕккӕ дзаг фӕткъуыйы дӕсгай сорттӕй, къомситӕ, королектӕ, кæрдотӕ ӕмӕ ӕндӕр дыргътӕй. Фӕлӕ Вадим йӕ 15 тонны бæрц тыллӕгыл стыр цин нӕ кӕны, йӕ афӕдзы фыдӕбонмӕ кӕсы ӕнкъардӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныккӕрзы, куы ахъуыды кӕны, уалдзæджы та сӕ асыкгай былæй калын кæй бахъæудзæн, уӕд. Бынтамӕ ӕлхӕнӕг нӕ цӕуы, тыллӕг фӕсарӕнтӕм аласӕн нӕй, Цхинвалы та бон иу асыккӕй фылдӕр нӕ уӕй кӕны.
Вадимы бинонтæ Наниты хъæуы цæрынц цалдæр фæлтæртæй. Сӕ дыргъдӕттыл цӕст дӕр нӕ хӕцы, сæхи кæдфæндыдæр дардтой сæ дыргъæй, фæлæ сын 2004 азӕй фæстæмæ ркодта уæззау рæстæджытæ — дыргътæн Уæрæсейы базармæ аласæн нал ис, бынаты та уый бæрц ӕлхæнæг нæй.
"Тӕрсын, 2014 азы ӕмбисонд та мыл куы акӕна. Уӕд дӕр хъӕзныг тыллӕг райстон, фӕлӕ сын ʻлхӕнӕг нӕ разынд. 300 асыкк мын бахъуыд акалын уалдзæджы. 2004 азы онг афӕдз дыууæ хатты ластон мæ дыргъ Уæрæсемæ. Фыццаг иу мæхи тыллæг аластон, уый фӕстæ та-иу балхæдтон мæ сыхæгты дыргъ æмæ уыдон", — дзуры Вадим.
Вадим куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ сцъӕх ис ӕрвылаз ӕнӕфтиаг фыдӕбонӕй.
"Рагуалдзӕджы рахизын мӕ дыргъдонмӕ ӕмӕ суанг фӕззӕгмӕ кӕнын кусгӕ — ӕхсӕдын, пырх кӕнын бӕлӕстӕ, къахын, донхӕр кӕнын, стӕй уӕдмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕныны рӕстӕг дӕр ӕрцӕуы. Къуыригай ӕнӕхъӕн бинонтӕй нӕ цӕхӕрадӕттæй нӕ рахизӕм, уый бӕрц фӕткъуы фӕтонӕм. Ӕмӕ сӕ цы ӕфтиаг райсӕм? Ницы бынтондӕр. Мыййаг та нын фӕстӕмæ калинаг куы фӕуой", — тыхсы уый.
Вадимы бинойнаг Мӕдинӕ радзырдта, зӕгъгӕ, Уæрæсейы президент Владимир Путин базарадон æнæфиддонон режим бакæныны тыххæй куы фехъусын кодта, уæд бинонтӕ загътой, нырæй фӕстæмӕ сæ проблемӕ скъуыддзаг ӕрцӕудзӕн, фæлæ уавæр цæхгæр нæ фæивта.
"Таможнæйы сæрты нӕ дыргътӕ ласынӕн уый бæрц хæрдзтæ вӕййы фæндæгтыл æмæ дзы пайда ницыуал райсӕм. Цхинвалы цы документтæ саразӕм, уыдон Ручъы тоннелæй фалæмæ никæйуал хъæуынц. Арæны сæртыл сæрибарæй куы цæуиккам, уæд та адæм ӕнӕзивӕгӕй бавналиккой дыргъдарыны куыстмæ", — банысан кодта Мӕдинӕ.
Ацы проблемӕтӕ хъæуы цӕрджытӕй бирæтæн ныууадзын кодтой сæ дыргъы куыст, ӕрмӕст ма стæмтæ уæддæр сæхи нæ сæттынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц хуыздæр рæстæджытæм.
Дыгъуызты хъæуы цæрæг Дыгъуызты Иванмӕ дӕр ис 300 асыччы бæрц фӕткъуытӕ ӕмӕ сӕ цы фӕкӕна, уый нӕ зоны.
"Цхинвалмæ аласæм нæ дыргъ, иу килограмм уæй кæнæм 30-40 соммӕ. Бон иууыл фылдӕр ауӕй кӕнӕм иу асыкк, басийæм, нӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы фесафæм. Не ʻфтиаг та вӕййы нæ бензины аргъ", — дзуры Иван.
Амалиуӕггӕнджытӕ мӕйы размӕ сӕ проблемӕимӕ бацыдысты республикӕйы къухдариуӕгадмӕ, ныфс сӕ уыд, кӕй сын баххуыс кӕндзысты хицауады, фӕлӕ рӕстӕджы цыдимӕ тайынц сӕ ныфыстӕ дӕр.
"Ӕрымбырд стӕм ӕхсӕз хъӕуы минӕвӕрттӕ — мӕхуызӕн уавӕры ма чи ис, ахӕмтӕ ӕмӕ бацыдыстӕм президентмӕ. Хорз нӕ райста, бахӕс кодта хицауадӕн нӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын. Хицауады ацы фарсты фӕдыл сарӕзтой ӕмбырд, нæхæдæг дæр уыдыстæм уым, фӕлӕ нырма, куыд уынӕм, афтӕмӕй хорзырдӕм ницы фӕивта", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.
Цалынмӕ хицауад хъӕуты цӕрджыты проблемӕ скуыддзаг кӕны, уӕдмӕ уал тонгай дыргътæ лæууынц ныккæндты ӕмӕ ӕмбийынц ӕнӕхъуаджы.