ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны энергетиктæн нырма нæ бантыст сæндидзын кæнын электроифтонгад Дзауы районы æртæ хъæуы, цыран хызӕгтӕ хъыгдард æрцыдысты митуардты фæстиуæгæн, загъта Sputnik "Энергоресурс"-ы генералон директор Гæбæраты Алан.
Ивгъуыд улæфт бонты митуард канд тæссаг уавæр не сӕвзӕрын кодта фæндæгтыл, фæлæ ма бахъыгдардта республикæйы кæцыдæр районты электронон рухсы хахх.
Проблемӕты иу хай скъуыддзаг ӕрцыд тагъд, фæлæ аваритæн се ‘ппæт иуварс нæма рцыдысты.
"Ӕнæ рухсæй нырма дæр сты Дзауы районы бæрзон хъæутæ Едыс, Ерман æмæ Згъубир. Уырдæм нырма нæ басгæрстой фæндаг æмæ энергетиктæн бацæуæн нæй электронон хæххытæм, цæмæй ссарой аварийы бынæттæ", — загъта Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыддæр районты службæтæ расыгъдæг кæной фæндаг, афтæ энергетиктæ бавналдзысты аваритæ иуварс кæнынмæ.
Митуард уымæй размæ разиан кодта Ленингоры районы электроэнергийы хæххытæн дӕр. Дыууæ бонмæ сæм бахизæн нæ уыд, фæлæ фæндаг куыддӕр фæзынд, уæд аваритæ иуварс æрцыдысты.